Лев Лещенко равдисдзӕн хӕрзаудӕн концерт Беслӕны сывӕллӕттӕн

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæПевец Лев Лещенко
Певец Лев Лещенко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ уӕрӕсейаг зарӕггӕнӕг Дзӕуджыхъӕуы ауадздзӕн дыууӕ концерты Стыр Уӕлахизы 70 азы цытӕн гастролон туры фӕлгӕтты.

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы адӕмон артист Лев Лещенко ауадздзӕн Цӕгат Ирыстоны дыууӕ концерты, хъусын кӕны region15.ru.

Популярон артист Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрцӕудзӕн Стыр Уӕлахизы 70 азы цытӕн гастролон туры фӕлгӕтты.

Йӕ фыццаг концерт Лев Лещенко ауадздзӕн 21 июны Тӕбӕхсауты Балойы номыл Цӕгатирыстойнаг паддзахадон академион театры сценӕйыл.

22 июны та Беслӕны Культурӕйы хӕдзары зарӕггӕнӕг ратдзӕн хӕрзаудӕн концерт сӕрмагондӕй горӕты сывӕллӕттӕн.

Артисты гастролон тур уагъд ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы культурӕйы министрады ӕххуысӕй проект "Уӕрӕсейаг аивадон къордты гастролтӕ Цӕгат Кавказы"-йы фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0