Цӕгат Иры ӕртӕ боны архайдзӕн Санкт-Петербурджы медицинон десант

© Sputnik / Максим Григорьев /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Иры ӕртӕ боны архайдзӕн Санкт-Петербурджы медицинон десант
Цӕгат Иры ӕртӕ боны архайдзӕн Санкт-Петербурджы медицинон десант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Десанты сконды сты нейрохирургтӕ, урологтӕ, травматологтӕ ӕмӕ ӕндӕр дохтыртӕ. Уыдонӕн уыдзæн фембæлдтытæ æмæ семинартæ цæгатирыстойнаг дохтыртимæ.

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстонмæ ӕрцыд медицинон десант Санкт-Петербургæй. Цыппæрдæс дохтыры æмæ профессоры Дзæуджыхъæуы фæуыдзысты æртæ боны, хъусын кӕны 15 регион.

Десанты сконды сты нейрохирургтӕ, урологтӕ, травматологтӕ ӕмӕ ӕндӕр дохтыртӕ. Фæлтæрдджын специалисттæ кусынц Санкт-Петербурджы академик Павловы номыл паддзахадон медицинон университеты.

"Дохтыртӕ рынчынты басгардзысты цæстыты низтæ дзæбæхгæнæндоны, республикон клиникон рынчындоны æмæ фыццæгæм поликлиникæйы. Петербургаг специалисттæ ма скӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы дыууæ нейрохирургон операцийы дæр", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр петербургаг специалисттæн уыдзæн фембæлдтытæ æмæ семинартæ цæгатирыстойнаг дохтыртимæ.

Цæгат Ирыстонмæ дохтырттӕ ӕрцыдысты республикӕйы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Ӕгъуызарты Тамерланы фӕхуындмæ гæсгæ. Баххуыс сын кодтой мæскуыйаг минæварады кусджытæ дæр. Уыдоны фæрцы иуæндæс хатты нæ республикæйы уыдысты мæскуыйаг дохтыртæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0