Мады капитал фӕфылдӕр уыдзӕн 475 мин сомы онг

© Sputnik / Ада БагианМады капитал фӕфылдӕр уыдзӕн 475 мин сомы онг
Мады капитал фӕфылдӕр уыдзӕн 475 мин сомы онг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрбалӕугӕ азы Мады капиталы финансон фӕрӕзтӕ фӕфылдӕр уыдзысты, уымӕй дарддӕр рауӕрӕх уыдзысты капиталӕй пайда кӕныны фадӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Мады капитал 2016 азы фыццӕгӕм январӕй фӕфылдӕр уыдзӕн 475 мин сомы онг, хъусын кӕны 15 регион.
Хуссар Ирыстоны цӕрджыты фылдӕр бӕрц ӕмрӕстӕджы УФ ӕмбӕстӕгтӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ исынц Мады капитал.

"Уӕрӕсейы хицауад бафидар кодта, Мады капитал хардз кӕнын кӕй ис инвалид сывӕллӕттыл. Бинонтӕн фадат уыдзӕн рынчын сывӕллӕттӕн аккаг уавӕртӕ скӕнынӕн. Закъоны проект ма фадат дӕтты, цалынмӕ сабийыл 3 азы сӕххӕст уа, уӕдмӕ Мады капиталы финасон фӕрӕзтӕй пайда кӕнынӕн", — ӕрхаста 15 регион Уӕрӕсейы социалон фарстыты фӕдыл вице-премьер Ольга Голодецы ныхӕстӕ.

Ацы ногдзинӕдтӕй спайда кӕныны фадат уыдзӕн 10795 бинонтӕн — уый бӕрц ныййарджытӕ Уӕрӕсейы хъомыл кӕнынц инвалид сывӕллӕтты.

Мады капиталӕй уӕрӕхдӕрӕй пайда кӕныны ногдзинӕдтӕ УФ паддзахдон бюджетӕн уӕлӕмхасӕй слӕудзысты 6,4 миллиард сомы.

Уӕрӕсейы демографион кризисӕй рахизыны сӕраппонд 2007 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ дыккаг сывӕллон кӕмӕн райгуырд, уыцы бинонтӕн райдыдтой дӕттын Мады капитал. Нысаниуæгджын националон проект ӕххӕст цӕуы ныр аст азы дӕргъы, азӕй-аз фылдӕр кӕны йӕ финансон фӕрӕзты бӕрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0