Ирвæзынгæнджытæ ссардтой дзæуджыхъæуккаг туристты Эльбрусыл

© Sputnik / В. Божуков /  Ахизын медиабанкмæИрвæзынгæнджытæ ссардтой дзæуджыхъæуккаг туристты Эльбрусыл
Ирвæзынгæнджытæ ссардтой дзæуджыхъæуккаг туристты Эльбрусыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) ирвæзынгæнджытæ ссардтой Эльбрусы къуылдымыл дзæуджыхъæуккаг туристты, кæцытæ фæдзæгъæл сты хуыцаубоны 4800 метры бæрзæндыл.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Ирвæзынгæнджытæ ссардтой Эльбрусы къуылдымыл дзæуджыхъæуккаг туристты, кæцытæ хуыцаубоны фæдзæгъæл сты 4,8 мин метры бæрзæндыл, фехъусын кодта 15 регион УУМ-ы Эльбрусы уæлхох сгарæн-ирвæзынгæнæн къорды (ЭУСИК) сæргълæууæджы хæдивæг Альберт Хаджиев.

"ЭУСИК-ы кусджытæ ссардтой Эльбрусы къуылдымыл дыууæ дзæуджыхъæуккаг туристы, кæцытæ хуыцаубоны фæдзæгъæл сты 4,8 мин метры бæрзæндыл. Уыдон сты удæгас æмæ æнæниз, ныртæккæ сты "Марияйы аздоны", — загъта Альберт Хаджиев.

Уый ма банысан кодта æвзæр боныгъæды бæрæггæнæнтæ.

"Хохыл ныртæккæ ис æвзæр боныгъæд, фæлæ уый туристты нæ уромы, æмæ ацы адæм дæр фæдзæгъæл сты æвзæр боныгъæды аххосæй", — загъта Хаджиев.

Йæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ирвæзынгæнæн операцийы хайад райстой ЭУСИК-ы 10 кусæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0