"Стыр зӕлдаг фӕндаг" Цӕгат Иры айгӕрддзысты уалдзӕджы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстон
Цӕгат Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон культурон туристон проект "Стыр зӕлдаг фӕндаг"-ы фӕрцы туристтӕ базонгӕ уыдзысты Цӕгат Кавказы историон-архитектурон цыртдзӕвӕнтимӕ, аргъуантимӕ, архитектурон –этнографион музейтимӕ ӕмӕ рагон горӕттимӕ.

ЦХИНВАЛ, 24 фев — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон культурон туристон проект "Стыр зӕлдаг фӕндаг"-ы цӕгаткаказаг хай айгӕрддзысты ацы аз уалдзӕджы ӕмӕ баиу кӕндзӕн зылды ӕппӕт регионтӕ, фехъусын кодта РИА Новости Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады минӕвар.

Цæгат Ирыстон бацыд проект Стыр зæлдаг фæндаг-ы скондмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстон бацыд проект "Стыр зæлдаг фæндаг"-ы скондмæ

"Ӕхсӕнадӕмон культурон туристон проект "Стыр зӕлдаг фӕндаг"-ы маршрут райдайдзӕн Дагестанӕй, стӕй йӕ фӕндаг акӕндзӕн Цӕцӕныл, Мӕхъӕлыл, Цӕгат Ирыстоныл, Кӕсӕг —Балхъарыл, Ставрополыл ӕмӕ балхынцъ уыдзӕн Хъӕрӕсе-Черкъесы. Фӕндаджы дӕргъ у иу мин километры. Проекты реализаци райдайдзӕн 2016 азы уалдзӕджы", — загъта агентады ныхасӕмбал.

Министрады минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, туристтӕн фадат уыдзӕн фенын историон-архитектурон цыртдзӕвӕнтӕ, аргъуантӕ, архитектурон-этнографион музейтӕ, цӕдтӕ ӕмӕ рагон горӕттӕ.

"Ацы маршрут æрæмдзых кодтой Цӕгат Кавказы федералон зылды субъектты мидхъуыддӕгты ӕмӕ уӕлвӕткон уавӕрты министрӕдты домӕнтӕм. Ацы уагдӕттӕм иу фехъусын кӕндзысты туристтӕ сӕ балцы размӕ", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм уый.

Министрады минӕвар банысан кодта, маршрут кӕй кусдзӕн сӕрдӕй- зымӕгӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0