Битарты Вячеслав ныфс бавæрдта "Электроцинк"-ы зианхæссæг кондад сæхгæныны тыххӕй

© Sputnik / Константин Басов /  Ахизын медиабанкмæЗавод "Электроцинк" Цӕгат Ирыстоны
Завод Электроцинк Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымӕй уӕлдай ма Битарты Вячеслав бахатдзæн завод "Электроцинк"-мæ республикæйæн уæлдæфы уавæр бæрæггæнæг зынаргъ лаборатори самал кæныны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав ныфс бавæрдта завод "Электроцинк"-ы разамынадимæ фембæлын æмæ фидарæй сбæрæг кæнын заводы экологион æгъдауæй зианхæссæг кондад сæхгæныны позици, хъусын кӕны 15 регион.

Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, заводы разамындимæ хъæуы раст хуызы æмархайд кæнын æмæ сбæрæг кæнын ацы риссаг фарст аскъуыддзаг кæныны перспективæтæ.

Завод Электроцинк Цæгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстон ис Уӕрӕсейы регионты экорейтингы кæрон

"Уый бахатдзæн завод "Электроцинк"-мæ республикæйæн уæлдæфы уавæр бæрæггæнæг зынаргъ лаборатори самал кæныны тыххæй, æмæ йæ фæнды ис санитарон-хъахъхъæнынадон зонæйы æппæты къаддæр дæрддзæг сбæрæг кæнын", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Битарты Вячеслав заводмæ йæ ахаст раджы раргом кодта. Уый зæрдыл æрлæууын кодта 2010 азы арæзт иумæйаг рабадт, уым уыдысты куыд хицауады уæнгтæ, афтæ "Электроцинк"-ы разамынад дæр, æмæ уыцы рабадты фидарæй раргом кодта йе ‘ппӕрццаг ахаст. Уӕд ацы хъуыддаг æрбадты архайджытæй бирæтæ банымадтой популизмыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0