Цӕгат Ирыстоны рахастой тӕрхон Мӕхъӕлы ӕртӕ цӕрӕгӕн

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæСотрудники правоохранительных органов на месте взрыва в Назрани
Сотрудники правоохранительных органов на месте взрыва в Назрани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азымгондтӕ ӕвӕрдтой хиаразгӕ бомбӕтӕ Мӕхъӕлы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны дислокацигонд ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ цы фӕндӕгтыл цыдысты, уым, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Слестгӕнӕн комитет.

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон аскъуыддзаг кодта дӕргъвӕтин ӕмгъуыд ахӕстоны фӕбадын Мӕхъӕлы ӕртӕ цӕрӕгӕн, кӕцытӕ фындгӕнон къорды сконды 2012 азы арӕзтой фыдракӕндтӕ ӕфсӕддон службӕгӕнджыты ныхмӕ, хъусын кӕны УФ Слестгӕнӕн комитет.

Слестгӕнӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы ӕрцахстой теракты фӕдыл мӕнг хъусинаджы тыххӕй

Тӕрхондонон басгӕрсты рӕстӕджы бӕлвырд ӕрцыд, Мӕхъӕлы цӕрджытӕ — Зураб Дидигов, Ахмедхан Аушев ӕмӕ Башир Мислауров 2011 азы июнӕй раздӕр кӕй бацыдысты фыдгӕнон къорды скондмӕ, кӕцы архайдта Мӕхъӕлы Назраны районы ӕмӕ уыд ӕмцӕдисад "Вилайят Галгайче"-ы сконды, фӕстӕдӕр уыдон активон хайад истой йӕ фырдакӕндты.

2012 азы мартӕй июнмӕ Дидигов, Аушев ӕмӕ Мислауров ӕвӕрдтой хиаразгӕ бомбӕтӕ Мӕхъӕлы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны дислокацигонд ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ цы фӕндӕгтыл цыдысты, уым. Уымӕй дарддӕр ма азымгондтӕ арӕзтой ӕндӕр уӕззау фыдракӕндтӕ.

"Республикӕ Цӕгат Ирыстон — Аланийы Уӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ Дидиговӕн нысан ӕрцыд 15 азы ӕмгъуыдмӕ ахӕсты бакӕнын карз режимы рӕстмӕгӕнӕн колонийы, Аушев ӕмӕ Мислауровӕн ты фӕйнӕ 13,6 азы ахӕсты бакӕнын карз режимы рӕстмӕгӕнӕн колонийы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0