СК: Цӕгат Иры сылгоймаг ныххурх кодта йӕ ноггуырд сывӕллоны

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль следственного комитета СК РФ
Автомобиль следственного комитета СК РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕдагуырды бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, азымгонд ныййардта сывӕллон, арыны фӕстӕ йӕ уайтагъд ныххурх кодта ӕмӕ йӕ ныууагъта йӕ хӕдзары ныккӕнды.

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Дыгуры цӕрӕг сылгоймаджы азым кӕнынц йӕ ноггуырд сывӕллон амарыны хъуыддаджы, хъусын кӕны УФ Слестгӕнӕн комитеты регионалон управленийы пресс-службӕ.

Слестгӕнджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Дугуры районы станицӕ Николаевскаяйы 36-аздзыд сылгоймаджы ныхмӕ, кӕцыйы азым кӕнынц "мад йӕ ноггуырд сывӕллоны амарыны" статьямӕ гӕсгӕ фыдракӕнд саразыны хъуыддаджы.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуккаг сылгоймаг бафæлвæрдта йæ сывæллоны ауæй кæнын

"Слестгӕнӕн органты зонӕнтӕм гӕсгӕ, 2016 азы 12 августы азымгонд йӕ хӕдзары ныййардта лӕппу, кӕцыйы уайтагъд ныххурх кодта ӕмӕ ныууагъта ныккӕнды", — дзырдӕуы УСК цӕгатирыстойнаг управленийы хъусинаджы.

Слестгӕнӕн органтӕ сбӕрӕг кодта, арынӕй къуыри фӕстӕдӕр азымгонды 14-аздзыд лӕппу ссардта сывӕллоны мард буар хӕдзары ныккӕнды ӕмӕ ссарӕггаджы тыххӕй радзырдта йе ‘нахъом ӕфсымӕрӕн, кӕцы дыккаг бон баныгӕдта сывӕллоны цӕхӕрадоны.

Ныртӕккӕ слӕстгӕнджытӕ бӕлвырд кӕнынц ацы фыдракӕнды ӕууӕлтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0