Цавӕрдӕр ӕндӕр Дзӕуджыхъӕу

© Sputnik / Дзерасса Биазарти156 лет со дня рождения Коста Хетагурова
156 лет со дня рождения Коста Хетагурова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы иууыл фыдзӕрдӕ горӕтты фӕдыл газет The Independet ӕрфарсты, автор ӕмӕ бӕлццон Джеймс Лафферти рахуыдта Дзӕуджыхъӕу, уый та дисы баппӕрста Цӕгат Ирыстоны цӕрджыты, столицӕйы уазджытӕй бирӕты ӕмӕ Sputnik редакцийы.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ, Болататы Алинӕ. Бритайнаг газет The Independet хъуыдымӕ гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕу у дунейы фыздӕрдӕ горӕттӕй иу. Газеты ӕрфарсты хайад исгӕйӕ, бритайнаг автор ӕмӕ бӕлццон Джеймс Лафферти Цӕгат Иры столицӕйы аипты нымӕцмӕ бахаста "коррупцигонд" полици, "ӕлгъаг" умӕл климат (уыимӕ мах дӕр разы стӕм), фӕлӕ иууыл мӕстагдӕр уый у, автор ӕмӕ бӕлццоны зӕрдӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы хӕрд кӕй нӕ фӕцыд. Уанцон нæу ӕмӕ бритайнаджы зӕрдӕмӕ ирон уӕлибыхтӕ дӕр нӕ фӕцыдысты?

Цы тӕлмӕнтӕ уадзы РЦИ-Аланийы столицӕ ӕмӕ йӕ алфамблай иннӕ бӕлццӕттӕ ӕмӕ уазджытыл, уый тыххӕй Sputnik базыдта ӕндӕр адӕмы цӕстӕнгас, кӕцытӕ уыдысты Дзӕуджыхъӕуы.

Алексей Баранов, ӔПТРК-йы сӕрмагонд уацхӕссӕг, Мӕскуы

Дзӕуджыхъӕуы — фӕнды хӕдтӕхӕгыл тӕхгӕйӕ, фӕнды машинӕйыл цӕугӕйӕ — махыл ӕмбӕлы Кавказ йӕхӕдӕг! Раст зӕгъгӕйӕ, йӕ диссаджы аив рагъ. Мигъбоны зынгӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Ирд боныгъӕды та йӕхи ӕруадзы горӕтыл. Дзӕуджыхъӕуы зӕрдӕ, йӕ артери у Терк. Къӕвдабон змӕст дӕттимӕ, хурбоны та сыгъдӕг дӕттимӕ.

Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕу йӕхи цӕттӕ кӕны симпозиум "Аланика"-мӕ

Ахӕм рӕсугъддзинӕдты хсӕн, ахӕм знӕт ӕрдзы хсӕн рӕзт, абон ам цы адӕмы фӕдонтӕ цӕрынц, уыдон характер. Хӕларзӕрдӕ, цингæнаг, уазӕгуарзон фысымтӕ. Уый ӕмрӕстӕджы та сӕ бӕстӕйы æхсарджын хъахъхъӕнджытӕ. Сӕ фыдӕлтӕн, фӕмардуӕвӕг фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕн цыт кӕнын ирӕттӕн ис сӕ туджы, кӕцы алы адӕймагӕн дӕр хъуамӕ уа нормӕ.

Хуымӕтӕг ӕмӕ тынг хӕрзард ӕмӕ дзадджын хӕринӕгтӕ — ацы традици дӕр фидар кодта ӕнусты дӕргъы. Ирон уӕлибыхтӕ — дӕнцӕг, "националон къӕбиц" ӕнцонӕй кӕй ссардзӕн йӕ табугӕнджыты ӕппӕт дунейыл.

Марина Саввиных, поэт, литературон журнал "День и Ночь"-ы сӕйраг редактор, Красноярск

Дзӕуджыхъӕу у горӕт-парк, горӕт-дыргъдон. Нырыккон архитектурӕ ӕмӕ "кæрдæгхуыз арӕзтады" стӕм ӕмцауы дӕнцӕг. Фенхъӕлӕн ис ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы иу бӕстыхай дӕр афтӕ арӕзт не ′рцыд, цӕмӕй ӕрдзон ландшафты, хӕхтӕ ӕмӕ бӕлӕсты сӕрты кӕсой. Кӕлгӕ дӕттӕ, рагон сабæлутты, тæрсыты ӕмӕ романтикон кавказаг нӕзыты сæртӕ дӕттынц горӕтӕн ницӕимӕ абаргӕ зæрдæскъæфт, кӕцымӕ бахӕлӕг кӕниккой Хуссар Европӕйы зындгонд горӕттӕ.

Ирӕтты уазӕгуарзондзинад ӕмӕ ӕргомдзинад та у уӕлдай зарӕг… Мӕ алы балцы рӕстӕджы цы цалдӕр кафемӕ бацӕуын, уыдон мӕ райын кӕнынц сӕ лӕггадӕй дӕр ӕмӕ къӕбицӕй дӕр. Мӕ уарзон уазӕгдон та горӕты центры у демократон, фӕлӕ тынг! Куы мӕ бафӕрсиккой, уӕд сдзуапп кӕнин, Дзӕуджыхъӕу кӕй у цы горӕтты уыдтӕн, уыдонӕй иууыл зӕрдӕхӕлардӕр ӕмӕ аивдӕр.

Джордж Ровалс, зындгонд стилист, сӕрыхъуынты дизайнер, голливудаг преми "Золотые ножницы"-йы хицау, Мӕскуы

Дзӕуджыхъӕмӕ уазӕгуаты ӕрцыдтӕн ме ′мбӕлттӕм ӕмӕ йӕ 'виппайды бамбӕрстон, мӕ горӕт кӕй у.

Арфа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон музыкалон инструментты тыххæй Дзæуджыхъæуы равдыстой киноныв

Фешн-горӕттыл нымад цӕуынц Париж ӕмӕ Рим, ӕз та равдисдзӕн, иууыл рӕсугъддӕр сылгоймӕгтӕ кӕй сты ирон чызджытӕ ӕнӕ ахорӕнтӕй. Уымӕ гӕсгӕ ӕз сфӕнд кодтон ам рӕсугъддзинады фэшн-галуан саразын, цы ран ӕмбырд кӕндзысты модӕйы табугӕнджытӕ ӕмӕ рӕсугъддзинады индустрийы дӕснытӕ.

Дунейы горӕттӕй иуы дӕр ӕз никуы фембӕлдтӕн уыййас ӕрдзон рӕсугъдзинадыл, куыд ам. Ис дзы бирӕ хӕларзӕрдӕ адӕм, семӕ ӕхсызгон у кусын. Ам ис тынг рӕсугъд чызджытӕ. Ӕз уарзын Ирыстон, Дзӕуджыхъӕу. Дзӕуджыхъӕу у иууыл хуыздӕр горӕт дунейы, уый дзурын ӕз, Джордж Ровалс!

Джеймс Лаффертийы 22 сахаты Уӕрӕсейы

Бритайнаг бӕлццон, ӕвӕццӕгӕн, Дзӕуджыхъӕуы уыд фæндаг-фæндаг ӕмӕ иууыл хорз зӕрдӕйы уагыл нӕ уыд. Sputnik ссардта ӕмӕ ратӕлмац кодта "22 сахаты Уӕрӕсейы" фрагмент, цы ран бӕлццон дзуры Ирыстоныл:

Цӕгат Ирыстоны хӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны хӕхтыл зындгонд режиссер Андрей Селиванов исы киноныв "Скалолазка"

"Мӕ ныхмӕ лӕууӕг, полицийы кусӕг цалынмӕ йӕ Калашниковы автомат раст кӕны, уӕдмӕ нӕ лӕууын хъуыды кӕнын Уизнейлы фиппаинагыл "Мах ацыдыстӕм отпускы рӕдыдӕй". Ӕз лӕууын Цӕгат Ирыстонмӕ, Дзӕуджыхъӕумӕ фӕндаджы кӕрон. (…) Ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм, ам кӕй февзӕрдзыстӕм (…) Ныр дзӕгъӕлы фӕлварын полицийы кусӕгимӕ аныхас кӕнын, цалынмӕ йӕ коллегӕ Габоры полицийы машинӕмӕ фӕкӕны. У асӕст бон ӕмӕ умӕл йӕхи ӕруагъта Дзӕуджыхъӕуыл хуылыдз хъӕццулау. Чъизийӕ дарддӕр ма мӕм бон кӕсы тынг ӕлгъаг. Нырма уал Уӕрӕсейы арвыстам ӕрмӕстдӕр иу сахат. Мах ӕрурӕдтой, машинӕйы рулыл бадгӕйӕ, Габор гӕрзӕй фидар кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Коп мӕм ӕрбадаргъ кодта йӕ нард къух ӕмӕ ӕрдомдта паспорт. Уый фыдзӕрдӕимӕ кӕсы мӕ документтӕм, уыцы рӕстӕджы машинӕтӕ ӕгӕронӕй гуылф кӕнынц нӕ фӕрсты. Нӕ балц райдыдта Будапешты ӕмӕ хъуамӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уа Таджикистаны аст мин километры фӕстӕ. Ничи дзырдта, ӕнцон кӕй уыдзӕн".

Ног хабӕртты лентӕ
0