Цӕгат Ирыстоны сывӕллӕтты библиотекӕ бахауд Путины номхыгъдмӕ

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæТретья всероссийская акция "Библионочь"
Третья всероссийская акция Библионочь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны библиотекӕ бахауд Владимир Путины бардзырды номхыгъдмӕ резервон фондӕй 50 милуан сомы рахицӕн кӕныны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Болататы Алинӕ. Мамсыраты Дӕбейы номыл Республикон сывӕллӕтты библиотекӕ райста паддзахады сӕргълӕууӕг Владимир Путины бардзырдӕй рахицӕнгонд фӕрӕзтӕй ӕлхӕд чингуытӕ, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы культурӕйы министрад.

2016 азы 2 июны Владимир Путин бафыста бардзырд, Паддзахадон ӕмӕ муниципалон библиотекӕты фондтӕ сывӕллӕтты ӕмӕ фӕсивӕдон чингуытӕй баххӕст кӕныны нысанӕн резервон фондӕй 50 милуан сом рахицӕн кӕныны тыххӕй. Дзӕуджыхъӕуы библиотекӕмӕ ацы суммӕйӕ ӕрхауд 338 мин 442 сомы.

Цæвиттойнаг адæм интернет æмæ ӕнӕфсӕрмдзинады дуджы

Библиотекӕйы директор, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Мӕхъиты Лианӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм ӕххуыс у тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ у ахъаз рӕзгӕ фӕлтӕрӕн библиотекон лӕггӕдты гъӕд фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн.

"Мах балхӕдтам литературӕ алы хайадмӕ дӕр: аивад, зонад, бӕстӕзонынады фӕдыл ӕмӕ ӕндӕр чингуытӕ. Иудзырдӕй, нӕ сывӕллӕтты цы чингуытӕ хъӕуынц, уыдон. Уымӕй мах нӕхимӕ здахӕм кӕсӕджы", — радзырдта Лианӕ Александры чызг.

Ныртӕккӕ "президентон фӕрӕзтӕй" ӕлхӕд чингуытӕ сты комплектаци ӕмӕ бакуысты хайады, уый фӕстӕ та дихгонд ӕрцӕуыдзысты библиотекӕйы хайадтыл.

Ӕдӕппӕт ӕлхӕд ӕрцыдысты 1849 чиныджы сывӕллӕттӕн. Бӕрзонд полиграфион гъӕд цы чингуытӕ ис, уыдон ӕхсӕн сты — бæрæгуатон ӕмӕ энциклопедион литературӕ, дзырдуӕттӕ, классикӕ, зонадон-популярон литературӕ, националон ӕмӕ фӕсарӕйнаг аивадон литературӕ 5-15 азы кары сывӕллӕттӕн.

Ацы фӕрӕзтӕ райсджыты номхыгъды сты 85 библиотекӕйы бӕстӕйы алы регионтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0