Епископ Леонид ӕмӕ фыд Савва: Хуыцаумӕскуывдтӕ иронау не ′рлӕууыдысты

© Sputnik / Дзерасса БиазартиВладыка Леонид
Владыка Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы уагъд ӕрцыд епископ Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг Леонид (Горбачев) ӕмӕ динамонӕг Гаглойты Саввайы пресс-конференци. Уыдон аиуварс кодтой дам-думтӕ, ома Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг хъуамӕ сӕвӕра тобӕ ирон ӕвзагыл хуыцаумӕскуывдтыл.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Болататы Алинӕ. Ирыстоны аргъуанты хуыцаумӕскуывдтӕ ирон ӕвзагыл никуы ӕрлӕууыдысты ӕмӕ нӕдӕр ӕрлӕудзысты, загътой пресс-конференцийы рӕстӕджы епископ Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг Леонид (Горбачев) ӕмӕ динамонӕг Гаглойты Савва.

Пресс-конференция епископа Аланского и Владикавказского Леонида - Sputnik Хуссар Ирыстон
Епископ Леонид: Хуссар Иры цӕрынц нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Чырыстийы

Социалон хызӕгты апарахат информаци, зӕгъгӕ динамонӕг Гаглойты Савва уадзы епархийы службӕйы секретары бынат. Размӕ цыдысты ахӕм верситӕ, ома Саввайы ацыд баст у Алайнаг епархийы ног сӕргълӕууӕг разы кӕй нӕу хуыцаумӕскуывдтӕ ирон ӕвзагыл уадзынимӕ.

Динамонджытӕ банысан кодтой, хуыцаумӕскуывдтӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй нымайынц хорзыл, скуывдты тексттӕ та активонӕй тӕлмац цӕуынц ирон ӕвзагмӕ. Афтӕ, ныртӕккӕ сылгоймӕгты моладзандоны бындурыл цӕуы куыст алыгъуызон ӕмбырдгондты тексттыл бакуыстыл. Уыдон руаджы хуыцаумӕскуывдтӕ дарддӕр уагъд цӕудзысты ирон ӕвзагыл.

"Ууыл хъӕуы кусын ӕмӕ нӕм ныридӕгӕн ис бӕлвырд хуыцаумӕскуывдты рад. Зӕгъӕм, литурги ӕрцыд тӕлмац ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ уыд службӕтӕ ирон ӕвзагыл. Ныртӕккӕ бирӕ аргъуанты фарст цӕуынц скуывдтӕ ирон ӕвзагыл. Уый алыварсонӕй разӕнгард цӕуы ", — банысан кодта епископ.

Саввайы куыстуӕгъд баст у кадрон ивындзинӕдтимӕ. Дзӕуджыхъӕуккаг епархийы секретары бынат абоны онг ахста Фиагдоны нӕлгоймӕгты моладзандоны сӕргълӕууӕг, игумен Дзугкойты Стефан. Иерей Савва уӕгъд ӕрцыд секретары бынатӕй ӕмӕ ис горӕт Дзӕуджыхъӕуы кафедралон аргъуаны хистӕр динамонӕджы бынаты.

Динамонӕг Савва радзырдта, аргъуанты хуыцаумӕскуывдтӕ ирон ӕвзагыл уадзыны фӕдыл цы куыст цӕуы, ууыл.

Храм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уырыссаг дзуары аргъуан Цхинвалы сараздзысты 2017 азы кӕронмӕ

"Алы хуыцаубон дӕр ӕмӕ ӕрвылбондӕр фӕрсӕм евангелие ирон ӕвзагыл. Рӕстӕджы цыдимӕ нӕм ӕмбӕлон хор куы фӕзына, уӕд уый райдайдзӕн зарын ирон ӕвзагыл, арӕзт ӕрцӕудзысты нотӕтӕ ӕмӕ райдайдзыстӕм ӕххӕст хуыцаумӕскуывдтӕ ирон ӕвзагыл уадзын. Епископ ацы хъӕппӕристӕ иууылдӕр нымайы хорзыл", — банысан кодта Гаглойты Савва.

Епископ Леонид радзырдта, йӕхи дӕр кӕй фӕнды ирон ӕвзаг сахуыр кӕнын ӕмӕ йыл дзурын, фӕлӕ уый зын саразӕн у, "рӕстӕг кӕй нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй". Афтӕ ма бафтыдта, тагъд рӕстӕджы баконд кӕй ӕрцӕудзысты дзӕуджыхъӕуккаг епархийы динамонджыты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕнын фӕдыл курсытӕ. цы ран сын амондзысты ирон ӕвзаг.

"Махмӕ ис тынг хорз филологтӕ, кӕцытӕ амондзысты ӕвзаг. Уый раст хъуыддаг у ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм", — загъта епархийы сӕргълӕууӕг.

Епископы фыццаг пресс-конференци уагъд ӕрцыд ацы аз 16 сентябры. Уӕд, епископы хъуыдымӕ гӕсгӕ, фыццаградон хӕслӕвӕрдты ӕхсӕн лӕууыдысты Ирыстон-Аланийы историкон бынтӕ бахъахъхъӕнын, афтӕ ма хуыцаумӕскуывдтӕ дыууӕ ӕвзагыл уадзын.

Ног хабӕртты лентӕ
0