Цӕгат Ирыстон ӕрбавдыста Кавминмӕ 10 млрд сомы аргъ 20 проекты

© Sputnik / Михаил ГассиевВладикавказ
Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инвестпроекттӕм ӕркӕсдзысты Кавказы фӕдыл Уӕрӕсейы министрады ӕхсӕнведомствӕйон кусӕгон къорды ӕмбырдыл. Паддзахадон ӕххуыс райсынӕн фылдӕр шанстӕ ис бӕрзондрентабелон проекттӕн.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстон ӕрбавдыста 10 млрд сомы аргъ 20 проекты, кӕцытӕ хъавынц 2025 азы онг Цӕгат Кавказы райрӕзты программӕйы фӕлгӕтты паддзахадон ӕххуыс райсынмӕ, хъусын кӕны Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрад.

Къӕвда Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстон ӕнхъӕлмӕ кӕсы 200 милуан соммӕ УФ-йы хицауады фæсауæрцон фондӕй

"Республикӕ Цӕгат Ирыстон ӕрбавдыста Кавказы министрад ӕмӕ "Цӕгат Ирыстоны райрӕзты корпораци"-мӕ 20 инвестицион проекты сӕудӕджерад, медицинӕ, туризм ӕмӕ ӕндӕр къабӕзты, кӕцытӕ сты актуалон Цӕгат Кавказы ӕмӕ Уӕрӕсейы экономикӕйӕн. Ӕрбавдисгӕ проектты иумӕйаг суммӕ у 10 млрд сомы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ведомствӕ бафиппайдта, ӕрбавдисгӕ инвестпроекттӕм кӕй ӕркӕсдзысты Кавказы фӕдыл Уӕрӕсейы министрады ӕхсӕнведомствӕйон кусӕгон къорды ӕмбырды, кӕцы хъуамӕ райса развӕлгъау скъуыддзаг иу кӕнӕ иннӕ инвестпроект 2025 азы онг "Цӕгат-Кавказаг федералон зылды размӕцыды" паддзахадон программӕмӕ бахӕссын.

"Паддзахадон ӕххуыс райсынӕн фылдӕр шанстӕ ис бӕрзондрентабелон проекттӕн, кӕцытӕ ӕрцӕудзысты реализаци 1-2 азмӕ ӕнӕ ‘фстау фӕрӕзтӕй", — дзырдӕуы Кавказы фӕдыл министрады хъусинаджы.

Ӕлхынцъон скъуыддзаг райст ӕрцӕудзӕн УФ хицауады.

Ног хабӕртты лентӕ
0