Цӕгат Иры цӕрджыты ӔФС радта агуырдмӕ террористтимӕ бастдзинады тыххӕй

© AFP 2022 / ROMEO GACADБоевики ИГ
Боевики ИГ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Агуырдмӕ лӕвӕрд Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ бархионӕй хӕцынц террористты фарс Сирийы.

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны территорийыл Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады федералон службӕйы управлени радта ӕхсӕнадӕмон агуырдмӕ республикӕйы 15 цӕрӕджы Уӕрӕсейы территорийыл тобӕгонд террористон организацитимӕ бастдзинады тыххӕй, хъусын кӕны ӔФС-йы регионалон управленийы пресс-службӕ.

Пограничная застава - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны ӕрцахстой ИП-ы ӕртӕ "ног ӕрсиддоны"

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 21-36 азы кары республикӕйы 15 цӕрӕджы барвӕндӕй бацыдысты ӕнӕзаконон гарзджын дӕлхайӕдты рӕнхъытӕм, кӕцыты фарс исынц активон хайад ӕфсӕддон архӕйдтыты, уый нымӕцы Сирийы территорийыл.

Агуырдмӕ лӕвӕрд адӕмы ӕхсӕн ис ӕвзонг сылгоймаг дӕр. Уыдонӕй дыууӕйӕ регистраци сты Дзӕуджыхъӕуы, аннӕтӕ та республикӕйы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕн пунктты.

Ног хабӕртты лентӕ
0