Дзӕуджыхъӕуы ӕрцахстой цӕстфӕлдахӕджы, кӕцы давта кассирты

© Sputnik / Сергей Пивоваров /  Ахизын медиабанкмæКасса в торговом центре
Касса в торговом центре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдгӕнӕг-иу йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта аслам базайрагыл, бадӕтта иу фондзминон купюрӕ, уый фӕстӕ-иу ныхӕстыл асайдта кассиры ӕмӕ иу айста фӕстӕмӕ йе ′хца, уыимӕ ма хурда дӕр.

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полицӕйы кусджытӕ ′рцахстой Краснодары крайы 42-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы, кӕцы сайдта горӕты базарадон центрты рӕузӕрдӕ кассирты, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕ.

Проверка купюр при задержании взяточника - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры полицийы кусӕджы фӕзылынджын кодтой лигъдӕттӕй гӕртӕмттӕ исыны

Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, фыдгӕнӕг-иу йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта аслам базайрагыл, бадӕтта иу фондзминон купюрӕ, уый фӕстӕ-иу ныхӕстыл асайдта кассиры ӕмӕ иу айста фӕстӕмӕ йе ′хца, уыимӕ ма хурда дӕр фондзминон купюрӕйӕ.

МХМ-ы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй фыдгӕнӕджы ӕрцахсынӕн ахъаз уыд фадыгон полицӕйӕгты къæрцхъусдзинад. Ахӕм фӕрӕзы фӕрцы ӕхца бакусыны радон фӕлвӕрды рӕстӕджы цӕстфӕлдахӕджы ӕрцахстой.

Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ фыдгӕнӕджы ӕрцахсыны тыххӕй куы фехъусын кодтой, уый фӕстӕ полицӕмӕ райдыдтой цӕуын йӕ архӕйдтытӕй зианбаййафӕг ӕмбӕстӕгты куырдиӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0