Ирон пилоты экипаж рамбылдта ралли "Африка Эко Рейс"

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæП/к команды "КАМАЗ-мастер", посвященная их участию в ралли "Дакар"
П/к команды КАМАЗ-мастер, посвященная их участию в ралли Дакар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъæрджынты Андрей уал ныры онг рамбылдта 2014-æм азы ралли "Дакар", хорзæхджын æрцыд "Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй" 2-аг къæпхæны орденæй.

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik. Ралли "Африка Эко Рейс"-ы уæлахиздзау ссис ирон пилот Хъæрджынты Андрей йæ экипажимæ, хъусын кӕны ГТРК "Алания".

Экстремалон шофыр: уæлахизæн хъæуы хорз хæдтулгæ æмæ рискыл æдæрсгæйæ цæуын

Уæрæсейаг дугъгæнджытæ рамбылдтой уæзласæн машинæты классы. 11 этапы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Хъæрджынты Андрейы экипаж сахат раздæр цыд иннæтæй. Командæйы экипажы ма уыдысты штурман Андрей Мокеев æмæ механик Дмитрий Никитин.

Марафон "Африка Эко Рейс" райдыдта 31-æм декабры, дугъгæнджытæ фæндагыл уыдысты мæй æмæ æрдæг. Уыцы рæстæг зын трассæтыл ацыдысты 6000 км. Уый та домдта шофыры дæсныйад æмæ фæлтæрддзинад, афтӕ ма техникæйы хæрзхъæддзинад.

Дугъгæнджыты фарс Ирыстоны бирæ адæм хæцыдысты. Хъæрджынты Андрейы фыд Олег у Алагирæй. Йæ рæстæджы уыд зындгонд автоспортсмен, уæлдай фылдæр æй зыдтой Татарстаны, уым уыд багги дугъы бындурæвæрæг.

Хъæрджынты Андрей уал ныры онг рамбылдта 2014-æм азы ралли "Дакар", хорзæхджын æрцыд "Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй" 2-аг къæпхæны орденæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0