Бӕройты Хасан: Цӕгат Иры скъоладзаутӕ нӕ фӕразынц ГТО-йы домӕнтӕ

© Sputnik / Андрей Варенков /  Ахизын медиабанкмæСдача норм ГТО школьниками
Сдача норм ГТО школьниками - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ГТО-йы домӕнтӕ дӕттыны радон этап Цӕгат Ирыстоны райдайдзӕн 3 февралы, спорты министр Бӕройты Хасан нысан кӕны, скъоладзауты ӕхсӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕй хъӕуы фӕбӕрзонддӕр кӕнын.

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны скъоладзаутӕ ӕвзӕр дӕттынц ГТО-йы ("Цӕттӕ у куыст ӕмӕ хъахъхъӕнынадмӕ") домӕнтӕ, радзырдта хицауады ӕмбырды РЦИ-Аланийы спорты министр Бӕройты Хасан.

"Республикӕйы скъоладзаутӕн ис лӕмӕгъ фӕстиуджытӕ ГТО-йы домӕнтӕ дӕттыны хъуыддаджы. Скъоладзауты ӕхсӕн ис уникалон сывӕллӕттӕ дӕр, кӕцытӕн ис хорз фӕстиуджытӕ, фӕлӕ иумӕйагӕй дзургӕйӕ, фӕстиуджытӕ хъӕуы бӕрзонддӕр кӕнын", — хъусын кӕны Бӕройты Хасаны ныхӕстӕ 15 регион.

ГТО-йы домӕнтӕ дӕттыны радон этап Цӕгат Ирыстоны райдайдзӕн 3 февралы. Уый уагъд цӕудзӕн командон турниры форматы, цы ран хайад райсдзысты Цӕгат Ирыстоны алы районы минӕвӕрттӕ. Фӕстиуджытӕ сбӕлвырд кӕндзысты "иууыл активон ӕмӕ тыхджын район".

Ӕппӕтуӕрӕсейон фузкультурон-спортивон комплекс "Цӕттӕ у куыст ӕмӕ хъахъхъӕнынадмӕ" (ГТО) гӕсгӕ, цӕрджыты алы кары къордтӕ (6 азӕй 70 азмӕ ӕмӕ уӕлдӕр) хъуамӕ уой цӕттӕ ӕртӕ къӕпхӕны ӕмбӕлон нормативон домӕнтӕ сӕххӕст кӕнынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0