Цæгат Ирыстоны 89 адæймаджы ахызтысты 100 азы карæй

© Sputnik / Первенцев /  Ахизын медиабанкмæДЕРЕВНЯ СТАРУШКИ
ДЕРЕВНЯ СТАРУШКИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карджын цӕрджыты фылдæр бæрц сты сылгоймæгтæ, сӕ иууыл хистæрыл цæуы 117 азы.

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны цæры 89 адæймаджы, кæцытæ ахызтысты 100 азы карæй, хъусын кæны 15 Регион республикæйы фæллойы æмæ социалон райрæзты министрады бæрæггæнæнтæ.

Цхинвайлаг Бететы Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг Бететы Зауыр - рагон цымыдисон цауты хæзнадон

Карджын цӕрджыты фылдæр бæрц сты сылгоймæгтæ, сӕ иууыл хистæрыл цæуы 117 азы.

"Регионы ис æстдæс 100- æмæ 101-аздзыд цæрæджы, фынддæс 102-аздзыды ӕмӕ 103 азы кæуыл сæххæст, ахæм æхсæз адæймаджы. Уымæй уæлдай ма Цæгат Ирыстоны ис цыппар 104-аздзыд пенсиисæджы, фараст 105-аздзыд цæрæджы, дыууæ 106-аздзыд æмæ фæндзгай 107 æмæ 108-аздзыд цæрæджы. Дыууæ адæймаджы кар 110 азы у. Фæйнæ иу адæймагыл цæуы 111, 113, 115, 116 æмæ 117 азы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Цæгат Ирыстоны карджын адæмы фылдæр бæрц цæрынц Дзæуджыхъæуы (27 адæймаджы).

Уагдоны куыд бæрæг кæнынц, афтæмæй, 103 азмæ чи фæцард, уыцы хистæрты 'хсæн нæлгоймæгтæ нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0