Басаты Борис ныууагъта "Стыр ныхас"

© Sputnik / Макс Альперт /  Ахизын медиабанкмæБашня Хакуна
Башня Хакуна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕппæтирон æхсæнадон змæлд "Стыр ныхас"- ы сæрдары хæстæ æххæст кæндзæн Хутъиаты Таймураз.

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Ӕппæтирон ӕхсæнадæмон змæлд "Стыр ныхас"-ы сæрдар Басаты Борис сæрибар æрцыд йæ бынатæй координацион советы уынаффæмæ гæсгæ, хъусын кæны 15 регион.

Ивгъуыд аз июлы Басаты Борис равдыста хъæппæрис ацы бынатæй ацæуыны фæдыл, уый йӕ фӕндон бамбарын кодта йе ‘нæниздзинады уавæрæй.

"Стыр ныхас"-ы сæрдар Басаты Борис ацыд йæ бынатæй. Майрæмбоны уый сæрибар æрцыд æхсæнадæмон змæлды сæрдарæй координацион советы уынаффæмæ гæсгæ. Сæрдары хæстӕ æххæстгæнæджы бынатмæ æвзæрст æрцыд Хутъиаты Таймураз", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр ма Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дӕр цыппӕрӕмы йæ ныстуаны радзырдта "Стыр Ныхасы" ирон мыггæгты минæвæрттимæ фембæлыны фæнды тыххæй, цæмæй æрдзурой æхсæнадон змæлды дарддæры архайдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0