Гӕмосты Тамерланы бакодтой хæдзарон ахæсты иу мæйы æмгъуыдмæ

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæРассмотрение ходатайства следствия об аресте фигурантов дела об убийстве Б.Немцова
Рассмотрение ходатайства следствия об аресте фигурантов дела об убийстве Б.Немцова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ прокуратурӕйы цур слестгӕнӕн комитеты кусӕджы ныхмæ конд æрцыдысты уголовон хъуыддӕгтӕ "Хӕцӕнгарзы ӕнӕзаконон зилдух" ӕмӕ "Хицауады минӕвары ныхмӕ тыхархайды" статьятæм гæсгæ.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны хæдзарон ахæсты иу мæйы æмгъуыдмæ бакодтой ФПС-йы инспекторты ныхмæ фæлæууæг Гӕмосты Тамерланы, хъусын кӕны 15 регион Дзæуджыхъæуы Советон райтæрхондоны уынаффæ.

Полиция - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры ӕрцахстой фӕткхалӕджы прокуратурӕйӕ

ФПС-йы инспектортӕ дыццӕджы ӕрлӕууын кодтой автомашинӕ "Лексус LX 570", кӕцы скъӕрдта Дзӕуджыхъӕуы 37-аздзыд цӕрӕг. Документтӕ басгӕрсты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ фыдгӕнӕгмӕ суыдтой пистолет. Шофыр загъта, кӕй у барадхъахъхъӕнӕг органты кусӕг ӕмӕ хӕцӕнгарз кӕй у табелон, фӕлӕ не ′сразы ӕрбавдисын хӕцӕнгарз химӕ дарыны тыххӕй документ.

Фӕстӕдӕр куыд фӕбӕрӕг, афтӕмӕй фӕткхалӕг разынд Уӕрӕсейы Федерацийы прокуратурӕйы цур слестгӕнӕн комитеты кусӕг, I классы юрист Гӕмосты Тамерлан.

Ног хабӕртты лентӕ
0