Разӕсгарджытӕ рацыдысты "бацӕуӕн контроль" Цӕгат Ирыстоны

© Sputnik / Георгий Зимарев /  Ахизын медиабанкмæУчения бригады специального назначения ЮВО
Учения бригады специального назначения ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Разӕсгарджыты ӕрӕмбырды хицӕндзинад ссис "бацӕуӕн контролы" рацыд, кӕцыйы рӕстӕджы уыдон райстой "бахыгъдтӕ" ӕфсӕддон топографи, зынджы, актикон-сӕрмагонд ӕмӕ хӕххон цӕттӕдзинадӕй.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Хуссар ӕфсӕддон зылды разӕсгарджытӕ райдыдтой ӕфсӕддон ахуыртӕ Цӕгат Ирыстоны Дарьялы полигоны развӕлгъау "бацӕуӕн контролы" рацӕугӕйӕ, кӕцыйы рӕстӕджы уыдон райстой "бахыгъдтӕ" ӕфсӕддон топографи, зынджы, актикон-сӕрмагонд ӕмӕ хӕххон цӕттӕдзинадӕй, фехъусын кодтой цыппӕрӕмы РИА Новости ХӔЗ-ы пресс-службӕйы.

Батальонные тактические учения в ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны базӕйы басгӕрстой ӕфсӕддон цӕттӕдзинад

Ахуырты рӕстӕджы разӕсгарджытӕ полигоны цайдагъ кӕндзысты уӕлхохх бынаты тох уадзыны тактикон-сӕрмагонд амӕлттыл, ӕнӕзонгӕ бынаты ориентир кӕныныл, автоматизаци ӕмӕ бастдзинады фӕрӕзты нырыккон комплекстӕй пайда кӕныныл.

"Республикӕтӕ Хъырым, Цӕцӕн, Ставрополы край ӕмӕ Волгограды областы уӕвӕг ХӔЗ-ы ӕфсӕддон дӕлхайадты разӕсгарджытӕ ӕрӕвнӕлдтой хӕххон ахуыртӕм Республикӕ Цӕгат ирыстон- Аланийы, Дарьялы полигоны. Ӕрӕмбырды хицӕндзинад ссис "бацӕуӕн контролы" рацыд, цӕй рӕстӕджы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ ӕнтыстджынӕй райстой "бахыгъдтӕ" ӕфсӕддон топографи, зынджы, тактикон-сӕрмагонд ӕмӕ хӕххон цӕттӕдзинадӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уым дзырдӕуы, комплексон фӕлварӕн "Бацӕуӕн контроль" номимӕ кӕй сарӕзтой разӕсгарджыты цӕттӕ кӕныны центры ахуыргӕнджытӕ. Йӕ сӕйраг нысан у алы ӕфсӕддоны зонындзинӕдты бындурон ӕмвӕзад ӕмӕ иумӕйагӕй дӕлхайады цӕттӕдзинадӕн аргълӕвӕрд саразын, разӕсгарджыты практикон ахуыртӕм индивидуалонӕй бацӕуынын нысанӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0