Цӕгат Ир "Сочи-2017"-ы ӕрбавдыста 28 млрд сомы аргъ проекттӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæПремьер-министр РФ Дмитрий Медведев принял участие в работе Российского инвестиционного форума
Премьер-министр РФ Дмитрий Медведев принял участие в работе Российского инвестиционного форума - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстон сӕйраг ныфс ӕвӕры биоэтанолы рауагъдӕй, хъахъхъӕнӕн куыстуӕтты модернизаци ӕмӕ туризмӕй.

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстон Сочийы инвестфорумы ӕрбавдыста 28 милиард сомы аргъ аст инвестпроекты, хъусын кӕны регионы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы ныхӕстӕ 15 регион.

Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕг ма радзырдта, республикӕйы экономикӕйы министрады арӕзт кӕй ӕрцыд кусӕгон къорд, кӕцы архайы регионмӕ инвестортӕ ӕрбахоныныл.

Новый спиртзавод - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны спиртзаводты рацараздзысты биоӕртаг уадзынмӕ

РЦИ-Алани сӕйраг ныфс ӕвӕры биоэтанолы рауагъдӕй ӕмӕ нывӕнды ацы къабазы Уӕрӕсейы лидер суӕвын. Регионы заводтӕ ӕрмӕст карз нозт нӕ уадздзысты, фӕлӕ ма техникон биоэтанол дӕр, кӕцыйӕ пайда кӕнынц ӕртаджы хуызы.

"Абон мах активонӕй размӕ кӕнӕм биоэтанол уадзынимӕ баст закон. Ацы хъуыддаджы нӕ егъау алкоголон заводтӕн уыдзӕн фадат ацы продукцийы хуыз уадзын ӕмӕ уӕрӕсейаг экономикӕйы бӕлвырд секторы бынат бацахсын. Ныртӕккӕ республикӕйы хицауад бацӕттӕ кодта уадзыны фӕдыл проект. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕввахс рӕстӕджы йӕ Уӕрӕсейы хицауад кӕй бахӕсдзӕн ӕркастмӕ Паддзахадон Думӕмӕ", — радзырдта Битарты Вячеслав.

Уый ма загъта, республикӕйы хицауад активонӕй кӕй кусын кӕны сӕудӕджерадон куыстуӕттӕ, кӕцытӕ раздӕр нӕ куыстой, науӕд та уыдысты ӕдзӕллаг уавӕры.

Ног хабӕртты лентӕ
0