Дзæуджыхъæуы полицӕйаджы чи æхста, уый ныхмæ бакондӕуыд уголовон хъуыддаг

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæПатрон 7Н31 с броневой пулей
Патрон 7Н31 с броневой пулей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инцидент æрцыд 18 марты æхсæвы Цæгат Ирыстоны столицæйы: фæсарæйнаг машинæйы шофыр цалдæр æхст фæкодта полицийы кусджыты.

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Уголовон хъуыддаг баконд æрцыд Дзæуджыхъæуы цæрæджы ныхмæ, кæцы травматикон пистолетæй æртхъирæн кодта ФПС-йы кусæгмæ, уый фæстæ та райдыдта æхсын, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны СК слестгæнæн управлени.

Баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "йæ кусæгон бартæ æххæст кæныны рæстæджы хицауады минæвары ныхмæ тыхархайд кæныны фæдыл".

Нозтджын шофыртӕм 1 июлӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахӕстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нозтджын шофыртӕм 1 июлӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахӕстон

Республикон МХМ-ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, инцидент æрцыд 18 марты, æхсæвы дыууæ сахатмæ æввахс. Полицийы кусджытæ бафæлвæрдтой æруромын автомашинæ "Ленд Крузер" фæндагон змæлды уагæвæрд фехалыны тыххæй, фæлæ шофыр æрлæууыны домæн ницæмæ æрдардта.

Полицийы кусджытæн куы бантыст фæткхалæджы автомашинæ æрлæууын кæнын, уæд рабæрæг, машинæйы кæй бадтысты дыууæ цæгатирыстойнаг нозтджын æмбæстаджы.

Равзæрсты рæстæджы фæсарæйнаг машинæйы пассажир фелвæста травматикон пистолет æмæ цалдæр æхст фæкодта полицийы кусджыты.

Нæмгуытæй иу сæмбæлд машинæйы шофыры къухыл. МХМ-ы информацимæ гæсгæ, æхсæг æрцыд ахст, зианбаййафæгæн та бакодтой медицинон æххуыс.

МХМ-ы ма фехъусын кодтой, автомашинæйы пассажирыл цалдæр хатт кæй уыд æвæрд административон бæрн фæндагыл фæткхæлдты тыххæй, шофырыл та — уголовон бæрн.

Ног хабӕртты лентӕ
0