Футболы тренертæ Цæгат Ирыстонæй ацæудзысты стажировкæмæ ӔЦСК-мæ

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæИгрок ЦСКА Алан Дзагоев на тренировке ПФК ЦСКА на базе в Ватутинках
Игрок ЦСКА Алан Дзагоев на тренировке ПФК ЦСКА на базе в Ватутинках - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стажировкæйы фæдыл бадзырд саразын бантыст Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар æмæ ӔЦСК-ы гендиректоры фембæлды рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз бадзырдта футболон клуб ӔЦСК-ы генералон директор Роман Бабаевимæ, цæмæй республикæйы тренертæ рацæуой стажировкæ æфсæддонты клубы базæйы Мæскуыйы, хъусын кæны РЦИ-Аланийы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.

Игрок сборной России Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæгъойты Алан бахауд УФ æмбырдгонды медиарейтингы топ-10-мæ

"Бантыст нын бадзырд саразын, цæмæй нæ тренертæ рацæуой стажировкæ Мæскуыйы, æфсæддонты клубы специалисттæ ма сын бакæндзысты барадон æмæ методикон æххуыс, кæцы у æнæмæнгхъæуæг контракттæ аразыны рæстæджы æмæ кæцы у футболистты цæттæкæнынады системæарæзтады элементтæй иу. Футболон клуб ӔЦСК-мæ ис бæлвырд зонындзинæдтæ æмæ уыдон уыдзысты эффективон нæ республикæйы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд Цæгат Ирыстоны футболон академи саразыны къахдзæфтыл дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0