Дзæуджыхъæуы уазджытыл æмбæлдзæн горæты ранæуæггонд символ

© Sputnik / Алина Болатаева Статуя "Фатимы, держащей солнце" у въезда во Владикавказ
Статуя Фатимы, держащей солнце у въезда во Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы сæйраг символтæй иуы реставраци адарддæр ис дыууæ мæйы æмæ йыл бахардз 2,6 милуан сомы

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Болататы Алина. Дзæуджыхъæумæ бацæуæны "Хурыл хæцæг Фатимæйы" цырты реставраци кæронмæ бахæццæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны столицæйы мэрияйы пресс-службæ.

Цырт раджы ссис Дзæуджыхъæуы сæйраг символтæй иу. Уый æмбæлы цæгатирыстойнаг столицæйы цæрджытæ æмæ уазджытыл Беслæны æрдыгæй горæтмæ бацæуæны.

© Sputnik / Алина БолатаеваДзæуджыхъæумæ бацæуæны "Хурыл хæцæг Фатимæйы" цырт
Статуя Фатимы, держащей солнце у въезда во Владикавказ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæумæ бацæуæны "Хурыл хæцæг Фатимæйы" цырт

Горæты сæргълæууæг Албегаты Борис басгæрста бакæнгæ куыстыты гъæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нардуатон организаци йæ куыстмæ бацыд æххæст бæрнимæ.

"Ацы цырт у республикæйы фенддагдæр бынæттæй иу, кæцы æмбæлы уазджытыл бахизæны. Уый у ахæм объект, кæцыйы уавæрмæ гæсгæ адæм аргъ кæнынц регионæн. Уымæ гæсгæ уыд тынг ахсджиаг уый æмбæлон уагмæ æркæнын. Ацы аз республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ, хæрзарæзт æрцæудзысты Дзæуджыхъæуы бахизæнтæ иууылдæр. Горæты архитектурæйы управлени бацæттæ кодта сæрмагонд дизайн-проект алкæцы бахизæнæн дæр", — радзырдта сити-менеджер.

Горæты сæйраг символтæй иуы реконструкци цыд дыууæ мæйы. Уыцы рæстæджы монументы згæхæрд хæйттæ баивтой ногтыл, афтæ ма сахуырстой ног сыгъзæрин æмæ æвзистхуыз ахорæнтæй. Ӕххæстæй хæрзарæзт æрцыд йæ алфæмбылай территори дæр. Куыстытæл иумæйагæй бахардз 2,6 млн сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0