Путин схорзӕхджын кодта цӕгатирыстойнаг бинонты

© Kremlin.ruПутин схорзӕхджын кодта цӕгатирыстойнаг бинонты
Путин схорзӕхджын кодта цӕгатирыстойнаг бинонты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Владимир Путин радта орден "Родительская слава" цӕгатирыстойнаг бирӕсывӕллонджын бинонтӕн.

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕхсӕнадӕмон боны хӕдразмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин орден "Родительская слава"-йӕ схорзӕхджын кодта цӕгатирыстойнаг бирӕсывӕллонджын бинонты — Габеты Артур ӕмӕ Терезайы.

Церемони уагъд цыд Кремлы, хайад дзы райстой бинонтӕ — ныййарджытӕ ӕмӕ сӕ цот федерацийы аст субъектӕй, се хсӕн Цӕгат Ирӕй дӕр.

Хекъилаты бинонтæ Тотоонты Александримæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тотоонты Александр йæ мыздæй рахицæн кæндзæн стипенди Хекъилаты Денизайæн

Габеты Артур ӕмӕ Тереза хъомыл кӕнынц фараст сывӕллоны — аст лӕппу ӕмӕ иу чызджы.

"Ацы залы ис бирӕ ӕцӕг амондджын бинонтӕ. Бонӕй бонмӕ сымах уӕ хъӕбултимӕ иумӕ ногӕй зонгӕ кӕнут дунеимӕ, дих кӕнут семӕ уӕ сӕрыстырдзинад се ‘нтыстытӕй, уынут, уӕ фыдӕбоны фӕрцы уӕ сабитӕ куыд кӕнынц хуыздӕр ӕмӕ курдиатджындӕр. Уырны мӕ, сымах кӕй сараздзыстут ӕппӕт дӕр, цӕмӕй уыдон бахъомыл уой аккаг ӕмӕ цӕсгомджын ӕмбӕстӕгтӕй нӕ бӕстӕйӕн", — загъта президент.

Орден "Родительская слава" фидар ӕрцыд 13 майы 2008 азы, уый лӕвӕрд цӕуы ныййарджытӕ ӕмӕ схъомылгӕнджытӕн, кӕцыты бӕрны ис авд ӕмӕ уымӕй фылдӕр сывӕллоны.

Президенты указӕй 2012 азы 13 декабрӕй фӕстӕмӕ схорзӕхджынгонд ныййарджытӕй иуӕн лӕвӕрд цӕуы ӕхцайы иурӕстӕгон фиддон 100 мин сомы бӕрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0