Дзæуджыхъæуы мэры ныхмæ бакодтой ноджы иу уголовон хъуыддаг

© Sputnik / Наталья АйриянАМС
АМС - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног хъуыддаг баконд æрцыд "кусæгон барты сæрты ахизыны" статьяйы фæдыл, фæдагуырды зæрдæ æхсайы Дзантиайы фыртмæ 75 млн сомы аргъ махинацитæм

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik. Дзæуджыхъæуы раздæры сити-менеджер Дзантиаты Сергейы ныхмæ бакодтой ноджы иу уголовон хъуыддаг "кусæгон барты сæрты ахизыны фæдыл". Барады ныхмæ архæйдтыты фæдыл зианы бæрц ахызт 97 милуан сомæй, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Ведомствæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй МХМ-ы экономикон æдасдзинады æмæ коррупцийы ныхмæ управленийы кусджытæ сбæлвырд кодтой, 2010 азы Дзæуджыхъæуы къухдариуæгад кæй радта арендæйы коммерцион арæзтадон организацийæн 30 га зæххы фадыг цæрæнуаты арæзтадæн.

Виды Владикавказа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры полици райдыдта басгӕрст Дзантиаты Сергейы алыгъды фӕстӕ

"Арендæйы бадзырдмæ гæсгæ, арендатор йæхимæ райста хæс ацы зæххы фадыгыл инженерон инфраструктурæйы, мидфæзуатон инженерон арæзтады æмæ территорийы хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ сæххæст кæнын. Фæлæ, бадзырды уавæртæ фехалыны фæстиуæгæн, куыстыты иу хай — 97 млн сомы бæрц — уагъд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы фæрæзты руаджы", — банысан кодтой МХМ-ы.

Фæдæвзарæны рæстæджы бæлвырд æрцыд, иумæйаг суммæйæ 75 милуан сомы рахицæн кæй æрцыдысты микрорайоны энергоифтонгады тыххæй Дзæуджыхъæуы экс-мэры комкоммæ бардзырдæй. Йæ ныхмæ уголовон хъуыддаг баконд æрцыд "кусæгон барты сæрты ахизыны" статьяйы фæдыл.

Ныртæккæ раздæры мэр ис агуырды, амæй размæ йæ ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг егъау суммæ æхцайы фæрæзтæ хи бакæныны фæдыл. Слестгæнæн органты кусынц уый бынат базонын æмæ æрцахсыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0