Дзæуджыхъæуы хъæлдзæг фæсивæды клуб баххуыс кæндзæн рынчын сабийæн

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæКапельница
Капельница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы уагъд æрцæудзæн хъæлдзæг æмæ цыргъзонд сывæллæтты клубы хæрзаудæн кубок, æрæмбырдгонд фæрæзтæ ратдзысты дыууæаздзыд Хуыбиаты Мироны хоскæнынадæн, кæцыйæн ис цæсты рак

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik, Болататы Алина. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты (ЦИПУ) концертон залы 16 июны ацæудзæн хъæлдзæг æмæ цыргъзонды сывæллæтты клубы (ХЦК) хæрзаудæн Дзæуджыхъæуы кубок. Хъæлдзæг сывæллæтты хайадистимæ концерт уыдзæн хæрзаудæн.

Хъазты райсдзысты хайад канал "Карусель"-ыл телесезоны командæтæ Сочи, Астрахань, Пятигорск æмæ Дзæуджыхъæуæй. Амонæг уыдзæн Плиты Николь.

ХЦК-ы цæгатирыстойнаг лигæйы директор Плиты Сослан радзырдта, хъазт хæрзаудæн сразын скъуыддзаг кæй æрцыд, куыддæр фæзынд информаци Хуыбиаты Мироны тыххæй, ома у ракæй рынчын æмæ йæ хъæуы æхцайы стыр суммæ æнæмæнгхъæуæг операцийæн.

"Нырма фæнд кодтам бацыд æнæаргъæй саразын. ХЦК ауадзын популяризацийы тыххæй, уымæн æмæ цымыдисаг у… Фæлæ цалдæр боны размæ базыдтам, дзæуджыхъæуккаг Хуыбиаты Миронæн кæй хъæуы операци саразыны тыххæй æхцайы фæрæзтæ, уый тыххæй мах аскъуыддзаг кодтам билеттæ уæй кæнын. Цыдæриддæр æрæмбырд кæнæм, уый ратдзыстæм Миронæн. Ныфс нæ ис, кæй йын баххуыс кæндзыстæм", — радзырдта Sputnik лигæйы сæргълæууæг.

Концерты организатортӕ билеты аргъ снысан кодтой 150-200 сомы, фӕлӕ сӕ бирӕтӕ ‘лхӕнынц зынаргъдӕрӕй, цӕмӕй ӕрымбырд кӕной Миронӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг суммӕ.

Раздӕр республикон информацийы фӕрӕзты мыхуыр ӕрцыд уац дыууӕаздзыд Хуыбиаты Мироны тыххӕй, кӕцы тох кӕны ракы ныхмӕ. Сывӕллоны хъӕуы зынаргъ операций ӕ цӕстытыл. Иунӕг клиникӕ, кӕцы сразы иу операци ауадзын, ис Испанийы. Сабийы мад Хуыбиаты Братислава куыд радзырдта, афтӕмӕй сын клиникӕйы загътой, оперцийы аргъ кӕй у авд миоуан соммӕ ӕввахс. Фӕлӕ сӕм ӕрӕджы цы сметӕ ӕрырвыстой, уым та оперцийы аргъ уыд 12 милуан сомы.

Мад иунӕгӕй хъомыл кӕны фондз сывӕллоны ӕмӕ уыййас ӕхца йӕ бон ссарын нӕу. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы бакусы, уыдон иууылдӕр ацӕуынц хӕрд ӕмӕ цӕрӕнуатыл. Уымӕ гӕсгӕ ныфс ӕвӕры ӕрмӕстдӕр хӕларзӕрдӕ адӕмӕй, кӕцытӕ сӕм фӕдаргъ кӕнынц ӕххуысы къух.

Братислава радзырдта, 4 бонмӕ цӕрджытӕ кӕй ӕрӕмбырд кодтой 1 милуан 300 мин сомы Миронӕн схос кӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0