Алагираг лæппуйы банымадтой аххосджыныл йе 'мкъайы химарынмæ æркæныны

© Sputnik / Андрей Стенин /  Ахизын медиабанкмæПодследственный в СИЗО
Подследственный в СИЗО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæрхондон Гагкайы фыртæн аскъуыддзаг кодта 2 азы колонийы арвитын

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik, Болататы Алина. Алагираг районон тæрхондон банымадта аххосджыныл Алагиры 26-аздзыд цæрæг Гагкаты Уырызмæджы йæ цардæмбалы суицидмæ æркæныны хъуыддаджы. Тæрхондон уымæн аскъуыддзаг кодта дыууæ азы колонийы арвитын, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны СК-ы слестгæнæн управлени.

Автомобиль следственного комитета (СК) РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгатирыстойнаг ӕвзонг лӕппу йӕ уарзон чызджы бакодта йӕхи амарыны онг

Фæдагуырд æмæ тæрхондон сбæлвырд кодтой, 2012 азы декабрæй 2016 азы 10 июны онг Гагкайы фыртæн, йæ 21-аздзыд цардæмбалимæ цæргæйæ, уыд тынг хъæбæрзæрдæ æмæ æгъатыр ахаст, рæстæгæй рæстæгмæ йын кодта физикон тыхмитæ. 2016 азы 25 июны, тыхджын эмоционалон уавæры уæвгæйæ, чызг йæхи æрцауыгъта къухтæ систа.

"Азымгонды аххос сбæлвырд кæнын баххуыс кодтой цæстæйфенджыты æвдисæндзырдтæ, æддагон цæстдарæн камерæты æрмæджыты басгæрсты протоколтæ, афтæ ма уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондонон экспертизæты фæстиуджытæ, уыдон нымæцы: медицинон, генетикон æмæ психиатрикон", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уагдоны пресс-службæ куыд нысан кæны, афтæмæй уагъд æрцыд тæрхондонон-психитрикон экспертизæ, кæцымæ гæсгæ Гагкаты Уырызмæг æмбæрста йæ архæйдтыты тæссагдзинад. Бындур нæй уый зондæцухыл банымайынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0