Цæгат Ирыстоны аивтой пенситæ фидыны æмгъуыдтæ

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæОтделение Сбербанка РФ
Отделение Сбербанка РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны бахастæуыд ивындзинæдтæ банкты уылты пенситæ æмæ социалон фиддæнтæ фидыны æмгъуыдмæ

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны пенсион фонд фæхæццæ кодта цæгатирыстойнаг пенсиисджытæм æмæ æндæр социалон фиддæнтæ кредитон организациты (банктæ) уылты чи исы, уыдоны онг информацы, 2017 азы майæ ивд кæй æрцыдысты фидыны æмгъуыдтæ, хъусын кæны УПФ-ы пресс-службæ.

Кусгæ чи кæны, ахæм пенсиисджытæн, афтæ ма Уæрæсейы æмбæстаг чи у æмæ иудадзыгæй Уæрæсейæн æддейæ цы пенсиисджытæ цæрынц, уыдонæн æхцайы фæрæзтæ сæ хыгъдмæ бацæудзысты мæйы 14, науæд та 22 бон.

УПФ-ы республикон хайад хъусдард ′здахы, ног фæтк кæй нæ фехалдзæн пенсиисджыты бартæ.

Республикæйы алы пенсиисæгæн дæр ис фадат равзарын, цы хуызы исдзæн пенси — йæхæдæг æви хæдзармæ хæсгæйæ. Куы сæвзæра æнæмæнгхъæуындзинад, уæд йæ бон у цыфæнды рæстæг дæр фæива пенсихæссæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0