Цæгат Ирыстон бацахста фыццаг бынат армхæстæй турниры

Рафыссын
Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд бацахста фыццаг иумæйаг командон бынат Ӕппæтуæрæсейаг турниры армхæстæй

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны кæронмæ бахæццæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Асланбеджы номарæн æппæтуæрæсейаг турнир армхæстæй. Ӕдæппæт турниры райстой хайад 200 спортсменæй фылдæр Уæрæсейы 22 субъектæй, хъусын кæны информагентад Ossetia News.

Сослан Гассиев-чемпион Европы и Мира по армлеслингу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Сослан - Европæйы тыхджындæр армхæцæг

Ирд ныхмæлæудты фæстиуæгæн, иууыл фылдæр уæлахизтæ бафтыд цæгатирыстойнаг æмбырдгонды къухты. Уымæ гæсгæ, уыдон бацахстой фыццаг иумæйаг командон бынат. Дыккаг бынат бацахста Калмыкия, æртыккаг та — Ростовы область.

Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Асланбеджы номарæн æппæтуæрæсейаг гом турнир армхæстæй ацыд Дзæуджыхъæуы, хайад дзы райстой 16 азæй уæлæмæ кары сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ. Уыдон ерыс кодтой дыууæ категорийы — æрыгон спортсментæ æмæ профессионалтæ.

Еналдыты Асланбег цалдæр хатт нымад æрцыд Уæрæсейы афæдзы хуыздæр тренерыл армхæстæй, уый бацæттæ кодта бирæ ирд спорсменты — дунейы, Европæйы æмæ Уæрæсейы бирæхæттыты чемпионты. Уæрæсейы æмбырдгонды бындур арæзт уыд йæ хъомылгæнинæгтæй — ирон спортсментæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0