Цæгат Иры стæрхон кодтой полицийы кусæджы фæнæмæг æфсæддонæн

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæПост ДПС
Пост ДПС - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы æфсæддон дæлхайæдтæй иуы службæгæнæгæн стæрхон кодтой полицийы кусæджы фæнæмыны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы кусæджы фæнæмыны тыххæй стæрхон кодтой бынæттон æфсæддон дæлхайæдтæй иуы службæгæнæгæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой Дзæуджыхъæуккаг гарнизонон æфсæддон тæрхондоны пресс-службæйы.

Портал "Кавказ сегодня"-йы информацимæ гæсгæ, тæрхондон балхынцъ кодта Дзæуджыхъæуккаг гарнизоны æфсæддон дæлхайады службæгæнæджы ныхмæ уголовон хъуыддагмæ æркаст. Бæлвырдгонд æрцыд, сержанты зæрдæмæ кæй нæ фæцыд машинæ бауромыны тыххæй полицийы домæн. Уый фæлæбурдта полицийы кусджытæй иуы кительмæ æмæ йын ныццавта йæ цæсгом. Полицийы кусæг райста сæры магъзы травмæ.

Тæрхондон банымадта æфсæддон службæгæнæджы аххосджыныл æмæ йын аскъуыддзаг кодта фараст мæйы иумæйаг режимы колонийы фæбадын.

Ног хабӕртты лентӕ
0