Цæгат Ирыстоны кусæг бастыгъта, цы банчы куыста, уый

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны цæрджытæй дыууæйæ, банчы клиентты анкетон зонæнтæй спайдакæнгæйæ, сарæзтой кредит 300 мин сомы бæрц

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны МХМ арвыста тæрхондонмæ уголовон хъуыддаг республикæйы цæрджытæй дыууæйы ныхмæ, кæцыты азым кæнынц "фæлывддзинад"-ы статьямæ гæсгæ фыдракæнд саразыны, хъусын кæны ведомствæйы пресс-службæ.

Денежные купюры России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры банчы директоры фӕазым кодтой 20 млн сомы хуыснӕгдзинады

Фыдгæнджытæ, кæцытæй иу у банчы кусæг, æмбæстæгты документты копитæй компьютерон программæты руаджы ивтой клиентты паспортон æмæ анкетон зонæнтæ. Уый фæстæ арæзтой кредит райсыны тыххæй æмбæлон документтæ. Банчы кусæг ма уыд чырон бастдзинады салоны уæйгæнæг-консультант дæр. Базарадон уагдæтты кредит саразыны фæстæ, æрыгон адæймæгтæ æлхæдтой компьютерон техникæ æмæ телефонтæ, кæцытæ стæй ауæй кодтой. Ӕфтиаг фыдвæндгæнджытæ дих кодтой æмæ хардз кодтой сæхиуыл.

Афтæмæй, азымгæндтæ фыдракæндтæ саразынæй райстой 300 мин сомæй фылдæр æфтиаг. Полицийы кусджытæ сбæлвырд кодтой уыдон хайадист 13 фыдгæнон архайды факты.

Ног хабӕртты лентӕ
0