Ирон кафджытæ хайад райстой фестиваль "Хæлардзинады хиды"

© Газета "Слово"Фестиваль "Хæлардзинады хид" Азербайджаны
Фестиваль Хæлардзинады хид Азербайджаны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон кафджытæ хайад райстой фольклорон кафты фестиваль "Хæлардзинады хиды" Азербайджаны

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Цыппар цæгатирыстойнаг ансамблы — "Сæрмæт", "Ритмы гор", "Шатана" æмæ "Ӕртхурон"  хайад райстой фольклорон кафты æхсæнадæмон фестиваль "Хæлардзинады хид"-ы Азербайджаны, хъусын кæны газет "Слово".

Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры ацыд фестиваль "Сабырад Кавказы – мах иумæ стæм!"

Ӕндæр æмæ æндæр адæмыхатты аивады фестиваль æрæмбырд кодта 400-мæ æввахс кафджыты Уæрæсе, Иран, Израиль, Молдова, Латви æмæ Гуырдзыстонæй. 7-13 июлы бæстæтæ-хайадисджытæ Бакуйы кафты руаджы æвдыстой сæ культурæ. Цæгат Ирыстонæй дзы уыд цыппар ансамблы — "Сæрмæт", "Ритмы гор", "Шатана" æмæ "Ӕртхурон".

"Кæсджыты зæрдæтæ балхæдтой нæ кæфтытæ. Уæлдайдæр та "Симд". Кафты пластикæ, аив дарæс — фестивалы сæйрагдæр хъусдард уыд здæхт уыдонмæ", — радзырдта ансамбль "Сæрмæт"-ы аивадон къухдариуæггæнæг Гугкаты Эдуард.

Гугкаты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, дипломтæй дарддæр ма уыдон фестивалæй æрластой ирд тæлмæнтæ æмæ ног зонындзинæдтæ, кæцытæ уыдон райстой рагон горæтыл тезгъо кæныны рæстæджы. Уыдис сын цымыдисон зонгæдзинæдтæ дæр æндæр бæстæты хайадисджытимæ æмæ баззадысты тынг райгондæй æрдзæй æмæ бынæттон цæрджыты уазæгуарзондзинадæй.

Организатортæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй фестивалы сæйраг нысан у фæсивæдон фольклорон сфæлдыстады размæцыд, культурон хидты арæзтад æмæ адæмты æхсæн хæларад рæвдз кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0