Проект "Ӕбæрæг Кавказы" хайадисджытæ фæуазæг уыдзысты Цæгат Ирмæ

© Sputnik / Руслан Вахаев /  Ахизын медиабанкмæКуыртты ком
Куыртты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Блогертæ, къамисджытæ æмæ видеографты куысты фæстиуæг суыдзысты Цæгат Ирыстоны цард æмæ æрдзон хæзнаты фæдыл мингай ног æрмæджытæ

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Зындгонд интернет-проекты командæ рацæудзæн балцы Цæгат Ирыстоны аивдæр бынæттыл организацигонд æмæ сæудæджерадон туризмы, афтæ ма хицæн автобалцты фадæттæ раиртасыны нысанæн, хъусын кæны Ossetia News.

Башня Хакуна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Туристон маршрут "Стыр зӕлдаг фӕндаг" байгом Кавказы

"Ӕбæрæг Кавказы" блогертæ æмæ къамисджытæ сараздзысты автотур республикæйы нысаниуæгджындæр бынæттæм. Автобалцы маршрут айгæрддзæн Дзæуджыхъæу, Куырттаты ком æмæ Дыгурмæ. Ӕртæ боны мидæг экспедицийы хайадисджытæ рацæудзысты 400 километрæй фылдæр зынвадат трассæтыл, базонгæ уыдзысты националон колоритимæ, Цæгат Ирыстоны историимæ, ацаходдзысты ирон къæбицы хæринæгтæй, аныхас кæндзысты зынгæ адæмимæ æмæ райсдзысты ирон уазæгуарзондзинады фæлтæрддзинад.

Ныртæккæ хештег #НеизвестныйКавказ-ы руаджы проекты ног хабæрттæм сæ хъус æрвылбон дарынц 1,5 млн адæймаджы бæстæйы æппæт регионтæй.

2017 азы райдианæй ацы балц ссис "Ӕбæрæг Кавказы" цыппæрæм стыр балц ЦКФЗ-ы республикæтæм. Раздæр уал командæ уыд Дагестан, Цæцæн æмæ Мæхъæлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0