"Беслæны мæдтæ" хайад райстой Турчы мемориалы баконды

© Информационный портал "15-й регион""Беслæны мæдтæ" хайад райстой Турчы мемориалы баконды
Беслæны мæдтæ хайад райстой Турчы мемориалы баконды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгатирыстойнаг сфæлдыстадон лаборатори "Портал"-ы архайджытæ сарæзтой 4000 километрон балц Туркмæ, Беслæны трагедийы амæттæгтæн цырт сæвæрыны нысанæн

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Комитет "Беслæны мæдтæ"-йы уæнгтæ Дудиаты Сусанна, Гæдиаты Анета æмæ Сидахъты Рита ацыдысты Туркмæ беслæйнаг сывæллæттæн нывонд æнахуыр скульптурæйы æрбакондмæ, хъусын кæны Регион 15.

Мемориал æвæрд æрцыд ирон хъæу Пойразлыйы. Цырт у вазыгджын æфсæн конструкци, кæцыйæн йæ астæу ис мармæр къус. Къусæй цæуы дон, фæлæ йæм бавналæн нæй. Цырты арæзтадыл бакуыстой сфæлдыстадон лаборатори "Портал"-ы архайджытæ.

"Тынг, тынг зæрдæмæхъаргæ! Мах фæхуыдтой цырты бакондмæ. Цымыдис мæ кæны, цы фæндæгтыл нæ ракæндзысты нæ сывæллæттæ?… Ам алчидæр зоны Анетайы, алкæцы хæдзары йæ чызг Аланæйы къамтæ. Тынг хорз, зæрдæхæлар адæм", — загъта Сусанна.

Туркы бынæттон ирæттæ райстой беслæйнаг уазджыты хорз. Цырты арæзтад цы рæстæг цыд, уæд дæр уыдон баххуыс кодтой фæсивæдæн. Ацы бынат ныр фæлтæрæй фæлтæрмæ уыдзæн Беслæны трагедийы мысæн къуым.

© ВКонтактеБеслӕны амӕттӕгтӕн цырт Турчы
Первое национальное арт-пространство РСО-Алании - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслӕны амӕттӕгтӕн цырт Турчы
Ног хабӕртты лентӕ
0