Битарты Вячеслав: Дзæуджыхъæуы ног телеуынынад æвдисдзæн Хуссар Иры цард

Рафыссын
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, телеуынынады фæрцы æнгом кæндзысты Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хæйттæ

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны ног националон телеуынынад "Осетия – Ирыстон"-ы эфиры уыдзæн сæрмагонд рæстæг Хуссар Ирыстонæн, хъусын кæны газет "Слово".

Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры националон телеуынынад тестон режимы скусдзӕн сӕрды

Нывæзтмæ гæсгæ, "Ирыстон ТВ" хъуамæ скуса ацы аз ноябры. Ацы датæ цалдæр хатты æрцыд хаст йæ куысты стыр гуырахсты тыххæй.

"Мах баныхас кодтам Хуссар Ирыстоны президентимæ, уыдонæн дæр телеуынынады эфиры уыдзæн сæрмагонд рæстæг. Телеуынынады фæрцы мах æнгом кæндзыстæм Ирыстоны цæгат æмæ хуссары", — фыссы газет Битарты Вячеславы ныхæстæ.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ма банысан кодта, бирæнымæц культурон-националон æхсæнадтæн дæр кæй уыдзæн сæхи рæстæг эфиры. Уый ма ныфс радта, кæй бацархайдзысты, цæмæй телеуынынад æвдиса алы бынаты дæр.

Ныридæгæн ист цæуынц проекттæ, æмрæстæджы ахуыр кæнынц адæм дæр — амонæджы дæсныйадыл, раст дзурын, телесуфлёримæ архайын. Аст адæймаг рацыд ахуыр "Академия медиаиндустрии"-йы. Телеуынынады кусдзæн 170 адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0