Цæгатирыстойнаг æмбырдгонд фæуæлахиз культурæ æмæ спорты VIII фестивалы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæКавказы адæмты спорт æмæ культурæйы фестиваль
Кавказы адæмты спорт æмæ культурæйы фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд бацахста фыццаг бынат Дзæуджыхъæуы ацæугæ Кавказы адæмты спорт æмæ культурæйы фестивалы

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд бацахста фыццаг иумæйагкомандон бынат Кавказы адæмты спорт æмæ культурæйы VIII фестивалы, хъусын кæны Градус Осетии.

Мотоциклист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы ацæудзæн спорты экстремалон хуызты бæрæгбон

Цæгатирыстойнаг спортсментæ фæстейæ фæуагътой сæ ныхмæлæуджыты 10 дисциплинæйы, æдæппæт фестивалы ауагъдæуыд 12 хуызы ерыстæ. Цæгатирыстойнаг командæ разынд иууыл тыхджындæр æмæ арæхстджындæр ахæм дисциплинæты, куыд мини-футбол, рæттыл тох, армспорт, фатæй æхсын, эстафетæ, уæзтæ исын æмæ æндæрты.

Ӕвзист майданы хицау ссис Дагестаны æмбырдгонд, æртыккаг бынат та бафтыд Мæхъæлы спортсменты къухты.

Кавказы адæмты культурæ æмæ спорты фестивалы сæхгæныны официалон церемони уагъд æрцыд стадион "Спартак"-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0