Беслæны фæстаг 13 азы мидæг ацыдысты фыццаг бæхдугътæ

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæБæхты дугътæ
Бæхты дугътæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Беслæны кæронмæ бахæццæ сты 13 азы мидæг фыццаг бæхты дугътæ, уæлахиздзау райста 500 мин сомы

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Фæстаг 13 азы мидæг фыццаг бæхдугъты сæйраг приз райста æртæаздзыд уырс Кабакан Пятигорскæй, хъусын кæны газет Слово. Дугъты дистанцийы дæргъ уыд 2400 м, сæйраг призы бæрц та — 500 мин сомы.

Ӕхсӕзӕм бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсӕзӕм бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны

"Тынг æнхъæлмæ кастыстæм ацы уысммæ, махæн ныры онг не ′нтыст фыццаг бынат бацахсын, абон уый нæ къухты бафтыд æмæ стæм тынг амондджын. Жокей Гакаты Анди æххæст кодта нæ равзæрстгонд тактикæ æмæ финишмæ бахæццæ фыццаг", — радзырдта уырсы хицæуттæй иу Шамиль Муртазалиев.

Аннæ 500 мин сомы адих кодтой Огойты Асланы ефс Коко Шанель, кæцы бацахста дыккаг бынат æмæ уырс Рогос Кæсæг-Балхъарæй, кæцы финишмæ æрбахæццæ æртыккаг.

Бæхдугъты иумæйаг призон фонд уыд 2, 5 милуан сомы. Хайад сæ райстой 60 бæхæй фылдæр 7 азгъорды мидæг.

Фæстаг хатт ма Беслæны ипподромы бæхдугътæ уагъд æрцыдысты 2004 азы, уæдæй фæстæмæ 13 азы ипподромæй нæ пайда кодтой йæ нысанæвæрдмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0