Дзӕуджыхъӕуы ацыд равдыст "Алани: ивгъуыд афонты фӕлгӕнцтӕ"

© alaniatvДзӕуджыхъӕуы ацыд равдыст "Алани: ивгъуыд афтоны фӕлгӕнцтӕ"
Дзӕуджыхъӕуы ацыд равдыст Алани: ивгъуыд афтоны фӕлгӕнцтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдысты сӕйраг нысан - нырыккон аивады Ирыстонӕн раст фӕлгонц сыразын

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты байгом нывкӕнынад ӕмӕ графикӕйы равдыст-конкурс "Алани: ивгъуыд афонты фӕлгӕнцтӕ". Мадзал уагъд цӕуы Аланийы чырыстон дины райстыл 1100 азы сӕххӕсты бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕныны фӕлгӕтты, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Чырыстон конкурс Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ-йы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы фæбæрæг сты чырыстон конкурс "Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ"-йы уæлахиздзаутæ

Экспозицийы ис республикӕйы 17 нывгӕнӕджы 43 куысты. Се хсӕн ис куыд ӕвзонг, ӕвӕлтӕрд нывгӕнджытӕ, афтӕ нымад автортӕ дӕр.

Конкурс уагъд цӕуы ӕртӕ номинацийы: "Аланийы рӕстдины истори", "Историон гоймаджы фӕлгонц" ӕмӕ "Нӕ бӕстӕйы хъайтарон ивгъуыд рӕстӕг". Раздӕр республикӕйы уагъд никуы ма рцыд историон жанры нывкӕнынады конкурс.

"Мӕн бафӕндыд радӕттын уӕды рӕстӕджы атмосферӕ. Эмоцитӕ, кӕцыты адӕймаг бавзары, аргъуанмӕ бахизгӕйӕ, кӕцытӕ бӕрӕг сты дардӕй дӕр. Уый адӕймаг зӕрдӕйӕ ӕнкъары, уырдӕм тырны адӕймаджы уд", — радзырдта конкусты хайадисджытӕй иу.

Равдысты организатортæ сты Дзæуджыхъæуккаг Алайнаг епархи æмæ Цæгат Ирыстоны Нывæнджыты цæдис. Мæйы дæргъы архайджыты куыстытæн аргъ кæндзæн сфæлдыстадон къамис, кæцыйы сконды сты нывгæнджытæ, историктæ æмæ æхсæнадон архайджытæ. Цæгат Ирыстоны историон хуызфыссынады жанры конкурс кæд  фыццаг хатт цæуы, уæддæр ын ис стыр призон фонд — 300 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0