Ӕрдæгæхсæв дзæуджыхъæуккаг сылгоймаджы фатер адавтой æртæ лæджы

© "Великий Київ"Ӕрдæгæхсæв дзæуджыхъæуккаг сылгоймаджы фатер адавтой æртæ лæджы
Ӕрдæгæхсæв дзæуджыхъæуккаг сылгоймаджы фатер адавтой æртæ лæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Давыны рæстæджы уыдон фæнадтой фатеры хицау - сылгоймаджы

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы æртæ æбæрæг гоймаджы бахызтысты горæты 47-аздзыд цæрæджы фатермæ, фæнадтой сылгоймаджы æмæ дзы адавтой зынаргъ цардуагон техникæ, хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.

Полиция - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны дыууæ сылгоймаджы адавтой пенсиисæджы

Полицæйы кусджытæ сарæзтой бафарст сылгоймагæн, афтæ ма систой æнгуылдзты тæлмæнтæ æмæ къахы дарæсы фæдтæ. Суткæйы мидæг уыдонæн бантыст фыдгæнджытæй иуы æрцахсын — уый разынд Дзæуджыхъæуы 28-аздзыд цæрæг. Уый басаст саразгæ фыдракæндыл.

Фыдгæнæджы ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "Абырæгдзинады" статьямæ гæсгæ – уымæ æнхъæлмæ кæсы 8 азы онг ахæсты баконд.

Ныртæккæ барадхъахъхъæнæг органтæ кусынц фыдгæнæджы æмархайджыты æрцахсыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0