Дзæуджыхъæуы скуынæг кодтой иу тонн санкцион миндаль

© Flickr / Nany Mataминдаль
миндаль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Санкцион продукт æрбаласын бафæлвæрдта Сомихстоны æмбæстаг

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Россельхознадзоры минæвæрттæ таможнæйон службæйы кусджытимæ иумæ скуынæг кодтой миндалы егъау парти Цæгат Ирыстоны, хъусын кæны ГТРК "Алания". Санкцион базайраг байст æрцыд контролон-уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы Сомихстоны æмбæстагæй.

Базайраджы рауадзæг у Австрали – ацы бæстæйы ныхмæ Уæрæсейы баконд æрцыд санкцитæ 2014 азæй. Уый фæстиуæгæн, тобæгонд продукци куынæг æрцыд дзæуджыхъæуккаг полигоны, йæ уæз уыд 1360 килограммы.

Компани-æрбаласæджы ныхмæ Цæгатирыстойнаг таможнæ бакодта уголовон хъуыддаг, фæткхалæг бафыста 50 мин сомы ивар.

Ног хабӕртты лентӕ
0