Цæгат Ирыстоны сараздзысты фыццаг туристон-информацион центр

CC0 / Hermann / Турист
Турист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы туризмы фæдыл комитет 2018 азы нывæнды саразын ТИЦ горæт Дзæуджыхъæуы территорийыл

ЦХИНВАЛ, 10 янв— Sputnik. Фыццаг туристон-информацион центр (ТИЦ), кæцы дæтты информаци Цæгат Ирыстоны фенддагдæр бынæтты тыххæй, фæзындзæн республикæйы 2018 азы, хъусын кæны портал Дзæуджыхъæуы хабæрттæ туризмы фæдыл республикон комитеты информацийыл æнцойгæнгæйæ.

Сывæллæтты лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры расидтысты сывæллæтты туризмы фæдыл проектты конкурс

ТИЦ нывæндынц æрбайгом кæнын горæт Дзæуджыхъæуы территорийыл, фехъусын кодтой комитеты. Центры туристтæн уыдзæн фадат райсын горæты туристон картæ æмæ фенддагдæр бынæтты, цауты, турмаршрутты æмæ хиирхæфсæн объектты тыххæй информацион æрмæджытæ, афтæ ма Дзæуджыхъæуы историкон центрыл афæлгæсæн фистæгбæлццон экскурсийы тыххæй информаци базонын æмæ экскурсоводты контакттæ райсын.

Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Кавказы регионтæм фæуазæг сты 3, 5 милуан туристы.

Ног хабӕртты лентӕ
0