Цæгат Иры сæргълæууæг фембæлд Цыккайы фырты идæдзимæ

Рафыссын
Битарты Вячеслав фембæлд Цыккаты Земфирæимæ, дыууæ азы размæ æрфарсты рæстæджы чи амард, уыцы Цыккаты Владимиры идæдзимæ

ЦХИНВАЛ, 17 янв— Sputnik. Республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлды рæстæджы Цыккаты Земфира бахаста куырдиат, цæмæй йын баххуыс кæной федералон тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæм фæхæццæ кæнын, Дзæуджыхъæуы Театралон фæзуатыл 13 январы пикеты хайадисджытæ цы резолюци райстой, уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.

Цкъаты Владимиры хъуыддаджы фӕдыл Дзӕуджыхъӕуы ӕрцахстой уголовон агуырды хайады хистӕры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цкъаты Владимиры хъуыддаджы фӕдыл Дзӕуджыхъӕуы ӕрцахстой уголовон агуырды хайады хистӕры

Протестгæнджыты сæйраг нысан у – федералон органты къухдариуæггæнджыты онг фæхæццæ кæнын равзæрсты цыды фæдыл информаци, цæмæй резонансон уголовон хъуыддаг райст æрцæуа сæ сæрмагонд контролмæ.

Владимиры идæдз нымайы, Цыккайы фырты амæлæты факты фæдыл хъуыддадаг барæй кæй даргъ кæнынц, аххосджынты нæмттæ нырма дæр нæ фехъусын кодтой æмæ сты сæрибар.

"Дыууæ азы мидæг ницы объективон, алыварсон æмæ рæстаг равзæрст уагъд не ′рцыд. Мах фæнды иу хъуыддаг – аххосджынтæ сдзуапп кæной законы раз æмæ баййафой æмбæлон æфхæрд. Рæстдзинад ссарыны тыххæй мах нывæндæм æрсидын Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ", — загъта Цыккаты Земфира.

Битарты Вячеслав радта дзырд идæдзæн, йæхæдæг кæй нывæнды алы æмвæзадыл дæр рæстдзинад сбæлвырд кæнын.

"Аххосджынтæ хъуамæ баййафой æмбæлон æфхæрд. Ахæм трагеди хъуамæ мауал æрцæуа", — бахахх кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг.

Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 2015 азы 31 октябры 13:47 сахатыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадтæй иумæ бакодтой 39-аздзыд Цкъаты Владимиры, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ ӕмӕ амард реанимацион хайады.

Ног хабӕртты лентӕ
0