ЦИПУ-йы командæ хъахъхъæндзæн Ирыстоны кад ХЦК-ы телеуынынадон лигайы

© instagram/gorod313ЦИПУ-йы командæ "Город 313"
ЦИПУ-йы командæ  Город 313 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгатирыстойнаг лæппуты æмæ чызджыты равзæрстой 500 фæсивæдон комæндæйы æхсæн

ЦХИНВАЛ, 19 янв— Sputnik. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты (ЦИПУ) командæ "Город 313" хъахъхъæндзæн республикæйы кад Хъæлдзæг æмæ цыргъзондты клубы æхсæнадæмон цæдисы фыццаг телеуынынадон лигайы, хъусын кæны ПТРК "Алани". Цæгатирыстойнаг фæсивæд рахызтысты лигæмæ 29-æм сочийаг фестивалы фæстиуджытæм гæсгæ. 482 командæйæ дыккаг турмæ рахыстызты æрмæстдæр 88 командæйы. Дыккаг турмæ рахизгæ командæтæ ныр сæ арæхстдзинад æвдыстой Александр Масляковы раз.

"Фыццаг лигæйы редактортæ вæййынц уæлдæр лигæйы редактортæ. Уым райдайы æвзæрст. Тынг цымыдисон у. Хæслæвæрд – телеуынынадон лигæмæ бахауын – мах сæххæст кодтам", — радзырдта ХЦК-ы республикон театры къухдариуæггæнæг Плиты Сослан.

Ноджы ма иу республикон командæ – ВТЭТ-ы æмбырдгонд – фестивалы фæстиуджытæм гæсгæ ссис ахæм статусы хицау, кæцы йын дæтты фадат централон лигæты хайад исын. Плиты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ахæм æмвæзадыл хъазтмæ командæ райста фæхуынд ирон ХЦК-ы историйы фыццаг хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0