ГИМН

РХИ-йы Герб
РХИ-йы Герб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын

Республикае Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимн "Уарзон Ирыстон"

 Ныхӕсты автор — Кокайты Тотраз, композитор — Ӕлборты Феликс. Гимн фидаргонд ӕруыдис 5 майы 1995 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Сӕйраг Советы сессийыл.

 

Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн

Лæууæм цырагъау мах уырдыг,
Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн,
Ды — нæ цин æмæ хъыг!
Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард,
Дæ ном дын исæм бæрзонд,
Удуæлдай дын кæнæм лæггад,
Дæуæн у нæ цард нывонд!

Базард:

Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!

Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ, —
Зылди дæ фæдыл сау фыдох,
Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй
Кодтой дæ зынтæ рох.
Царды рухсмæ æдзух цыдтæ, Фыдбонты нæ саст дæ ныфс,
Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ,
Æргомæй размæ цæуыс!

Базард:

Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд радт!
(Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Иры дзыллæйæн фæндагамонд радт!)

Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг!
Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæзт,
Ацы дунейы нын масты уæзæй
Ма у дих æмæ уæрст,
Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном,
Бæрзонддæр кæнæд дæ кад,
Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом,
Дæ фæрцы рухс у нæ цард!

Базард:

Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!
(Уæ, бæсты фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Нæ уарзон Ирæн Ды-иу амонд ратт!
Ном æмæ йын кад!)

Ног хабӕртты лентӕ
0