Арӕнхъахъхъӕнӕджы бон банысан кодтой Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Ада БагианАрӕнхъахъхъӕнӕджы бон Цхинвалы
Арӕнхъахъхъӕнӕджы бон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ сӕ профессионалон бӕрӕгбон ӕрвыл аз дӕр нысан кӕнынц 28 майы. Ацы аз Арӕнгӕрон управленийыл ӕххӕст кӕны 97 азы.

ЦХИНВАЛ, 28 май — Sputnik. Уӕрӕсейы арӕнгӕрон управленийы Хуссар Ирыстоны банысан кодтой абон Арӕнхъахъхъӕнӕджы бон, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Арӕнхъахъхъӕнӕн органтыл 97 азы сыххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон мадзал уагъд ӕрцыд Цхинвалы Арӕнгӕрон управленийы территорийыл.

Арӕнхъахъхъӕнджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы президент Тыбылты Леонид, хицауады уӕнгтӕ, цытджын уазджытӕ.

"Ныр авд азы сымах фӕрцы нӕ республикӕйы зӕххыл хицауиуӕг кӕны сабырад, сымах хӕссут стыр хайбавӕрд нӕ паддзахады размӕцыдмӕ. Нӕ адӕм уӕ сты ӕгӕрон бузныг", — загъта цытджын митингы йӕ раныхасы президент Тыбылты Леонид.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг управленийы цалдӕр ӕмкусӕджы схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзӕхтӕй.

© Sputnik / Ада БагианАрӕнхъахъхъӕнӕджы бон Цхинвалы
День пограничника в РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕнхъахъхъӕнӕджы бон Цхинвалы

 

Бӕрӕгбоны уазджытӕн ма фадат уыд арӕнхъахъхъӕнджыты техникӕ ӕмӕ гарзты равдыстимӕ базонгӕ уӕвын.

Мадзалы официалон хайы фӕстӕ уазджытӕн управленийы кусджытӕ ӕмӕ сӕ бинонтӕ, афтӕ ма Уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы вокалон-инстументалон ансамбль равдыстой бӕрӕгбонон концерт.

Уӕрӕсейы Арӕнгӕрон управленийы дӕлхӕйттӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрбацыдысты 30 апрелы 2009 азы. Уӕдӕй абоны онг уыдон бакодтой стыр куыст респубуликӕйы паддзахадон арӕны арӕзтады хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0