Цъыфы зæйтæ æрæхгæдтой Транскавказы автомагистраль

© Flickr.comТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат æмæ Хуссар Ир цы иунæг фæндаг иу кæны, уый æрӕхгæдтой цъыфы зæйтæ æрцæуыны фæстиуæгæн.

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Транскавказы автомагистраль у æхгæд, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады.

"Цъыфы зæйты æрцыды фæстиуæгæн Транскам æрæхгæдтой райсом 4 сахатыл РЦИ-А УУМ-ы сæйраг управленийы уынаффӕмӕ гæсгæ",- загътой ведомствӕйы.

Министрады ма банысан кодтой, цъыфы зæй кæй æрцыд Зæрæмæгмæ æввахс.

Фæндаг æхгæд уыдзæн РЦИ-А УУМ-ы сæйраг управленийы сæрмагонд бардзыды онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0