Транскам байгом автомобилон змӕлдӕн

© Sputnik / Владимир ИвановРукы тоннель Транскамыл
Рукы тоннель Транскамыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боны дӕргъы фӕндагон службӕтӕ сыгъдӕг кодтой Транскавказы автомагистраль цъыфы зӕйтӕй.

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Транскавказы автомагистраль, кӕцы бӕтты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, байгом цыппӕрӕмы изӕры, фехъусын кодтой Sputnik РХИ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.

Транскам æрæхгæдтой цыыппӕрӕмы райсом 4 сахатыл, Зæрæмæгмæ æввахс цъыфы зæй кæй æрцыд, уый фӕстиуӕгӕн.

"Ӕмбӕлон службӕтӕ асыгъдӕг кодтой фӕндаг цъыфы зӕйтӕй ӕмӕ 19 сахатӕй фӕстӕмӕ трассӕ автомобилон змӕлдӕн у гом", — загътой пресс-службӕйы.

Фӕндаг асыгъдӕг кӕныныл архайдтой 12 адӕймаджы ӕмӕ цыппар иуӕджы та сӕрмагонд техникӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0