УУМ: хуыцаубоны зынгӕ фӕфылдӕр ис зынгирвӕзтты нымӕц

© Sputnik / Олег РепуховУУМ: хуыцаубоны зынгӕ фӕфылдӕр ис зынгирвӕзтты нымӕц
УУМ: хуыцаубоны зынгӕ фӕфылдӕр ис зынгирвӕзтты нымӕц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боны 3 сахатмӕ ведомствойы радгӕсон хай банысан кодта 11 ссыгъды.

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Цхинвал ӕмӕ районты зынгирвӕзтты нымӕц хуыцаубоны фӕуӕлдӕр раздӕры бӕрӕггӕнӕнтӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады.

Боны 3 сахатмӕ ведомствойы радгӕсон хай банысан кодта 11 ссыгъды.

"Хуыцаубоны сыгъдысты кӕрдӕг ӕмӕ къутӕртӕ микрорайон "Хурзӕрин"-ы, Тулдзы къохы, Бӕгӕныуадзӕн заводы цур. Цалдӕр ссыгъды ахуыссын кодтой Мӕскуыйаг микрорайоны. Сыгъдхуыссынгӕнджытӕ ма зынгимӕ тох кодтой Цхинвалы цӕгатварс, Къостайы хъӕуы, Знауыры районы Хӕрисджыны хъӕуы, Ленингоры районы", — загътой УУМ-ы пресс-службӕйы.

Уым банысан кодтой, иумӕйаг уавӕр кӕй ис контролы бын. Зынгирвӕзтты нымӕц фӕстаг мӕй фӕфылдӕр, фӕлӕ суткӕйы 5-6 ссыгъдӕй уӕлдӕр нӕ хызт. Фӕарӕхдӕр зынгивӕрзтты аххосагыл УУМ нымайы дӕргъвӕтин рӕстӕджы ӕнтӕф боныгъӕд ӕмӕ адӕймагон фактор.

Хуыцаубоны ма зингивӕрзтты апарахат кӕныны аххосӕг уыд тыхджын дымгӕ боныгъӕд дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0