УУМ: Знауыры ӕмӕ Урсдурты зынг баввахс хӕдзӕрттӕм

© Sputnik / Ада БагианУУМ: Знауыры ӕмӕ Урсдурты зынг баввахс хӕдзӕрттӕм
УУМ: Знауыры ӕмӕ Урсдурты зынг  баввахс хӕдзӕрттӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгирвӕзт Знауыры районы бацыд хӕдзӕрттӕм хӕстӕг.

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. УУМ-ы сыгъдхуыссынгӕнджытӕ Знауыры райцентры ахуыссын кодтой зынгирвӕзт, кӕцы хаста тӕссагдзинад Знауыры цӕрджыты хӕдзӕрттӕн, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.

«Райцентры судзгӕ кӕрдӕг апарахат стыр хайыл ӕмӕ баввахс хӕдзӕрттӕм. Зынгимӕ тох кодтой Знауыры сыгъдхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн хайады кусджытӕ, кӕцытӕ рӕстӕгыл ахуыссын кодтой зынг", — загътой пресс-службӕйы.

Хус кӕрдӕг ма къуырисӕры ссыгъд Знауыры районы хъӕу Урсдуртӕйы дӕр.

Хуыцаубоны нысан ӕрцыд зынгирвӕзтты рекордон нымӕц — 18.

Зыгирвӕзтты нымӕц фӕстаг мӕй фӕфылдӕр. Фӕарӕхдӕр зынгирвӕзтты аххосагыл УУМ нымайы дӕргъвӕтин рӕстӕджы ӕнтӕф боныгъӕд ӕмӕ адӕймаджы фактор.

Ног хабӕртты лентӕ
0